Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ауадздзысты фӕткхӕлдты профилактикӕйы мадзӕлттӕ арӕныл

ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) фехъусын кодтой Гуырдзыстонимӕ арӕны уадзӕн пуктттӕ 4 сентябры 20.00 сахатӕй фӕстӕмӕ. Уый баст у бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ауадзынимӕ, кӕцытӕ нывонд сты Зонындзинӕдты бонӕн, радзырдта уагдоны пресс-службӕйы разамонӕг Биазырты Екатерина.

"Уадзӕн пункттӕ хуымӕтӕг режимы скусдзысты 6 сентябры 06.00 сахатӕй фӕстӕмӕ", - банысан кодта уый.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы арӕнгӕрон органтӕ сентябры ауадздзысты фӕткхӕлдты иумӕйаг профилактикӕ арӕнгӕрон фадыджы, радзырдтой ПӔК.

Уавæр арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уавæры дестабилизаци: Хуссар Ирыстоны ПӔК Гуырдзыйы архæйдтыты тыххæй

"Мадзӕлтты комплексы фӕлгӕтты фӕтыхджындӕр кӕндзысты хъусдард паддзахадон арӕны режиммӕ ӕмӕ арӕнгӕрон зонӕйы гоймӕгтӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзты уӕвынадмӕ, афтӕ ма уагъд цӕудзысты ӕрзылдтӕ арӕнгӕрон цӕрӕг пункты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдон сиды арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕм, цӕмӕй хӕдзарӕй куы рахизой, уӕд семӕ уа гоймагдзинад бӕлвырдгӕнӕн документтӕ, афтӕ ма ӕмбаргӕ цӕстӕй кӕсой зынвадӕттӕм, кӕцытӕ фӕзындзысты мадзӕлтты ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0