Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы квадрокоптеры оператор радзырдта арӕныл цауы тыххӕй – видео

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Квадрокоптер ӕрыппӕрстой 1 сентябры Уистӕйы хъӕуы районы, цы ран гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ сӕвӕрдтой блокпост республикӕйы территорийыл

ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК)  фехъусын кодта квадрокоптеры операторы ӕвдисӕндзырд, кӕцы ӕрыппӕрстой хуыцаубоны Гуырдзыстонимӕ арӕныл Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы цур.

ПӔК пресс-службӕйы хистӕр куыд банысан кодта афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы кусӕгБибылты Роланды ныхӕстӕ ныффыссын аскъуыддзаг кодтой Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы техникон фембӕлды рӕстӕджы Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ куы равдыстой журналисттӕ ӕмӕ эксперттӕн ома уыцы квадрокоптер, уый фӕстӕ.

Гуырдзыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады информацион-аналитикон департаменты хистӕр Ираклий Антадзейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, квадрокоптерыл нӕй нмӕгуыты фӕдтӕ ӕмӕ уый фӕдыл хуссарирыстойнаг фарсы верси раст нӕу.

"Фӕлӕ РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитетмӕ ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, кӕцытӕ фидар кӕнынц гуырдзиаг тыхон структурӕты агрессивон архӕйдтытӕ, кӕцыты тыххӕй фӕфылдӕр ис эскалаци РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны паддзахадон арӕныл", - загъта Биазырты Екатерина.

Квадрокоптеры оператор радзырдта, 1 сентябры 10.00 сахатыл йӕ квадрокоптер арӕзта видео цӕстдард Уистӕйы хъӕуы цур бынатмӕ фӕдагуырды архӕйдтыты фӕлгӕтты гуырдзиаг гарзджын тыхтӕ паддзахадон арӕн кӕй ахызтысты, уый фӕдыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвиппайды, гуырдзиаг фарс спайда кодта радиоэлектронон тохы фӕрӕзтӕй, квадрокоптер нал хъуыста командӕтӕм ӕмӕ аиуварс ис йӕ маршрутӕй.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынӕмбарӕн уавӕр: Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстонӕн ногӕй нӕ бантыст баныхас кӕнын

Уый фӕстӕ, Бибылты Роланды ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны фарсӕй квадрокоптер райдыдтой ӕхсын, уый фӕстиуӕгӕн тӕхӕг аппарат ӕрхаудта.

Къуырийӕ фылдӕры размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой блокпосты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уавӕры фӕдыл ногӕй ӕрдзырдтой ИӔАМ техникон фембӕлдыл майрӕмбоны. Республикӕйы генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг гуырдзиаг гарзджын тыхты ӕнӕзаконон ахизыны фӕдыл арӕны уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0