Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры бахаудтой аварийы

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры бахаудтой аварийы
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры бахаудтой аварийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддонты хӕдтулгӕ сӕмбӕлд бетонон ӕмбондыл Ручъы хъӕуы районы, радзырдтой рынчындоны

ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дыууӕ ӕфсӕддоны цардӕн, кӕцытӕ бахаудтой аварийы дыццӕджы, ницы тас ис, загътой Sputnik Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медицинон центры.

Абхаз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг туристтӕ зиан баййӕфтой ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн Абхазы

Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ручъы хъӕуы районы. Ӕфсӕддонты хӕдтулгӕ сӕмбӕлд бетонон ӕмбондыл.

"Авари ӕрцыд бонӕй фыццаг сахатыл. Ӕфсӕддонтӕй иуы аластой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ, дыккаджы медицинон ӕххуыс нӕ бахъуыд", - загъта агентады ныхасӕмбал.

Рынчындоны бафтыдтой, зианбаййафджыты цардӕн кӕй ницы тас ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0