Автозгъорд ӕмӕ ӕфсӕддон парад: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры сентябры бӕрӕгбӕттӕ

Рафыссын
Республикӕйы 19 ӕмӕ 20 сентябры уагъд цӕудзысты цалдӕр бӕрӕгбонон мадзалы дыууӕ паддзахадон бӕрӕгбоны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй банысан кӕнын Паддзахадон тырысайы бон (19 сентябры) ӕмӕ Республикӕйы бон (20 сентябры).

Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир армспортæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир армспортæй

Паддзахадон тырысайы бон

Республикӕйы культурӕйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй бӕрӕгбон райдайдзӕн 19 сентябры райсомӕй автозгъордӕй. Уый фӕстӕ райдайдзӕн ӕппӕтнацион диктант паддзахадон символикӕйы темӕйыл. Сихорӕй райдайдзӕн литературон бӕрӕгбон "Цхинвайлаг фӕззӕг", кӕцыйы фӕлгӕтты Анахарсисы номыл библиотекӕйы ацӕудзӕн дохтыр-нывгӕнӕг Тедеты Юрийы нывты равдыст.

Изӕры та киноконцертон зал "Чермен"-ы ацӕудзӕн адӕмон инструментты оркестрты иумӕйаг концерт Уалыты Нина ӕмӕ Ходты Олегы къухдариуӕгады бын.

Республикӕйы бон

Республикӕйы боны 20 сентябры сӕйраг цау уыдзӕн Цхинвайлаг гарнизоны парад, кӕцы райдайдзӕн 11.00 сахатыл Мӕскуыйаг уынгыл. Уыцы бон ма ӕвзонг техникты станцы территорийы Цхинвалы ацӕудзӕн техникон сфӕлдыстады гом фестиваль.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц Республикӕйы боны цытӕн парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц Республикӕйы боны цытӕн парадмӕ

Уый фӕстӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн сӕ бон уыдзӕн бабӕрӕг кӕнын VI Ӕхсӕнадӕмон националон-культурон фестиваль-конкурс "Ирон бӕгӕны-2019"-ы ӕрдӕгфинал, уый ацӕудзӕн Ногдзауты парчы.

Афтӕ ма Цхуырбаты Гурамы номыл горӕты стадионыл ацӕудзӕн хӕларадон фембӕлд футболӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы хсӕн.

Уымӕй дарддӕр Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ацӕундзӕн Цӕгат Кавказы федералон зылды симфонион оркестры концерт.

Республикӕйы бон балхынцъ уыдзӕн бӕрӕгбонон фейерверкӕй.

Хуссар Ирыстоны ацы аз банысан кӕндзысты Республикӕ расидӕны 29-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕ Советон Цӕдисы сконды. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0