Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны уавӕрыл ногӕй ӕрдзурдзысты Эргнеты

© Sputnik / Ян ГабараевИнциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлд
Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Баныхасы иунӕг темӕ ногӕй уыдзӕн Гуырдзыстоны тыхон структурӕты ӕнӕзаконон блокпост Уисты хъӕуы районы

ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл майрӕмбоны ацӕудзӕн цыппӕрӕм фембӕлд Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы, кӕцыйы иунӕг темӕ ногӕй уыдзӕн гуырдзиаг полицийы ӕнӕзаконон блокпост Знауыры районы Уисты (Цънелис) хъӕуы районы, фехъусын кодта РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты минӕвар.

"ИӔАМ форматы ивгъуыд техникон фембӕлдты куыд уыд, афтӕ ма абон фембӕлды иунӕг темӕ уыдзӕн гуырдзиаг полицийы пост республикӕйы территорийыл Уисты хъӕуы районы. Хуссар Ирыстоны делегаци фидарӕй лӕудзӕн, цӕмӕй сисой блокпост, кӕцы дестабилизаци кӕны уавӕр арӕныл", - банысан кодта агентады ныхасӕмбал.

Хуссар Иры ӕрдзырдтой националон гварди саразыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрдзырдтой националон гварди саразыныл

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта иу къуырийӕ фылдӕры размӕ, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0