Хуссар Иры театр хоны ног 88-æм сезоны бакондмæ

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр хоны ног 88 сезоны бакондмæ
Театр хоны ног 88 сезоны бакондмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радон театралон сезон бакæндзысты спектакль "Фатимæ"-йы равдысттæй 26 æмæ 27сентябры, уый фæстæ сценæйыл уыдзæн ирон национ классикæйы уацмыс æмæ рог комеди

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр хоны ног 88 сезоны æрбакондмæ. Кæсæджы сфæлдыстадон къорд суазæг кæндзæн "Фатимæ"-йы равдысттæй æмæ дыууæ премьерæйæ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

"Ивгъуыд азау та ныр дæр сезон кæнæм "Фатимæ"-йæ. Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилейн аз йæ номхæссæг театр йæ куыст хъомæ райдайа йæ ахадгæ уацмыс "Фатимæ"-йы спектаклæй Трагеди фæд-фæдыл равдисдзысты труппæйы дыууæ сконд ", - загътой уагдоны.

Уый фæстæ театр фæнд кæны æхсæнадæн бафдисын дыууæ премьера – комеди æмæ трагеди. Дыууæтæ дæр цæттæ уыдзыст октябры.

Хуссар Иры театр æмæ Уæрæсейы гастролон архайды федералон центр бадзырдтой æмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театр æмæ Уæрæсейы гастролон архайды федералон центр бадзырдтой æмгуыстадыл

Ирон национ классикон литературæйы уацмыс "Ӕфхæрдты Хæсанæ"сфæлыстадон коллектив бавдзисдзæн октябры фыццаг нымæцты. Ӕмрæстæжы цæуынц комеди "Сæтти æмæ Бæтти"-йы репетицитæ, уый дæр рацæудзæн 15 октябры фæстæ", - бафтыдтой уагдоны.

Национ классикӕйы уацмыс "Ӕфхæрдты Хæсана" æвæрд цæуы Къубалты Александры поэмӕйы мотивтӕм гӕсгӕ Мамсыраты Дӕбейы пьесӕмӕ гæсгæ. Йæ сæвæрыны бæрн йæхимæ райста цæгатирыстойнаг режиссер, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Бекъойты Роза. "Ӕфхæрдты Хæсанӕ" фæстаг хатт театры сценæйы уыд раст æртын азы размæ Джуссойты Хасаны æвæрдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0