Паддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд
Паддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автозгъорд старт систа Цхинвалы центры æмæ фæцис горæты сæрмæ, цы ран ис сагъд дынджыр тырыса. Уым ма уагъд æрцыд митинг дæр, раныхас дзы кодтой республикæйы парламентаризмы ветерантæ

ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik, Гæбæраты Ян. Цхинвалы дæсгай цæрджытæ цыппæрæмы райсомæй банысан кодтой Паддзахадон тырысайы бон автозгъордæй.

Къорд хæдтулгæйы национ триколортимæ райдыдтой мадзал Цхинвалы Пушкины цырты цурæй æмæ афæндараст сты, æнæхъæн горæтыл æрзилгæйæ, Присы хъæуы рдæм, цы ран бæрзæндыл сагъд ис егъау тырыса.

© Sputnik / Наталья АйриянАвтопробег в честь Дня осетинского флага
Паддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автопробег в честь Дня осетинского флага

Тырысайы бынмæ æрымбырд сты адæм, кæцытæ амадтой хуссарирыстойнаг паддзахад - Хуссар Ирыстоны фыццаг депутаттæ, парламентаризмы ветерантæ.

Парламенты раздæры депутат, ХИПУ ахуыргæнæг Дзугаты Къоста банысан кодта, Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса кæй у адæмон иудзинад æмæ хиæмбарынады символ. Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, хорз уаит, Ирыстоны хуссар æмæ цæгаттаг фырсытæ куы саразиккой иу националон атрибутикæ.

"Хъæуы саразын иу символикæ, уыимæ иу кады зарæг дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрцæудзæн рæстæг, æмæ афтæ дæр уыдзæн", - бафтыдта Дзугаты Къоста.

Парламенты цыппар æрсидтыты депутат  Кокойты Тарзан, национ тырысайы нысаны тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, уым комкоммæ дæр æвдыст кæй æрцыд адæмы характер.

Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тырыса æмæ герб: Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант

"Нæ тырысайы хуызты мах уынæм æртæ стыр сæйраг хæзнайы, кæцытыл бындуриуæг кæны нæ адæм", - загъта уый.

Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ, афтӕ.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0