Хуссар Иры президент: Хаджимбайы ӕнтыст - Абхазы паддзахаддзинады сфидар

© Sputnik / Томас ТхайцукХуссар Ирыстоны президент хайад райста Абхазы сӕргълӕууӕг Рауль Хаджимбайы инаугурацийы
Хуссар Ирыстоны президент хайад райста Абхазы сӕргълӕууӕг Рауль Хаджимбайы инаугурацийы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент хайад райста Абхазы президент Рауль Хаджимбайы инаугурацийы церемонийы

ЦХИНВАЛ, 9 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста Абхазы президент Рауль Хаджимбайы инаугурацийы церемонийы, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг лидеры пресс-секретарь Гасситы Дина. Паддзахады сӕргълӕууӕджы инаугураци ацыд ӕртыццӕджы Министрты Кабинеты актон залы Сухумы.

 Рауль Хаджимбайы балц Хуссар Ирыстонмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Абхазы равзӕрстгонд президентӕн

Адӕмон ӕмбырды спикер Валерий Кварчияйы раныхасы фӕстӕ, Рауль Хаджимбайы фӕхуыдтой ард бахӕрынмӕ. Уымӕ радтой президенты атрибуттӕ – штандарт ӕмӕ печать Абхазы паддзахадон гербы хуызӕгимӕ. Афтӕ ма Хаджимбамӕ радтой ӕхсаргард ӕмӕ националон абхазаг лæдзæг – алабашья.

Абхазы равзӕрстгонд президент йӕ раныхасы загъта бузныг, йӕ фарсмӕ ӕвзӕрстыты чи балӕууыд, уыдонæй алкӕмӕн дӕр.

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта йӕ абхазаг коллегӕйӕн ӕмӕ бахахх кодта, ӕвзӕрстытӕ кӕй равдыстой, ӕвзарджыты фылдӕр хай нырма дӕр ӕууӕндынц Хаджимбайыл бӕстӕйы дарддӕры райрӕзт.

"Рауль Хаджимба ӕмӕ ӕппӕт республикӕйы ӕнтыст ссис абхазаг паддзахаддзинады сфидар", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, Абхаз ӕмӕ Ирыстоны адӕмы кӕй ӕрбаиу кодта бирӕæнусон хӕларад.

"Нӕ бӕстӕтӕ иумӕ цӕуынц ӕхсӕнадӕмон банымад райсыны фӕндагыл. Мӕн фӕнды банысан кӕнын Рауль Хаджимбайы хайбавӕрд нӕ бӕстӕты хсӕн ӕфсымӕрон ахастыты райрӕзтмӕ", - бахахх кодта Хуссар Ирыстоны президент.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта Абхазы президентӕн ӕнтыстытӕ йӕ куысты бынаты, абхазаг адӕмӕн та сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент хайад райста Абхазы сӕргълӕууӕг Рауль Хаджимбайы инаугурацийы
Хуссар Иры президент: Хаджимбайы ӕнтыст - Абхазы паддзахаддзинады сфидар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент хайад райста Абхазы сӕргълӕууӕг Рауль Хаджимбайы инаугурацийы

Уымӕй дарддӕр ма Рауль Хаджимбайӕн раарфӕ кодтой Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев, ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин, арӕнгӕрон ӕмгуыстады фӕдыл УФ президенты хайады хистӕр Алексей Филатов бафарста УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурковы арфӕ.

Абхазы президентон ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 8 сентябры. Рауль Хаджимба райста хъӕлӕсты 47,39%.

Ног хабӕртты лентӕ
0