Уӕрӕсе фехъусын кодта йӕ позици Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕндыгъд уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раунд уагъд цыд Женевайы 8-9 октябры. Фарсытӕ ӕрдзырдтой гуырдзиаг блокпосты уавӕрыл, кӕцыйы тыххӕй фӕзынд ӕндыгъд уавӕр арӕнгӕрон зонӕйы

ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik. Женеваг дискусситы хайадисджыты хъусдард здӕхт уыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны уавӕрмӕ Уисты (Цънелис) хъӕуы районы, цы ран сӕвӕрдтой гуырдзиаг полицийы блокпост хуссарирыстойнаг территорийыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ).

Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Комкоммӕ ӕртхъирӕн": Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ

Женевайы 8-9 октябры ацыд Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл женеваг ӕхсӕнадӕмон дискусситы 49-ӕм раунд, цы ран хайад райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ АИШ минӕвӕрттӕ Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ ӕмархайдӕй.

Дипломатон уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй уӕрӕсейаг делегаци фехъусын кодта йӕ позици арӕныл уавӕры тыххӕй ӕмӕ ӕрсидт фарсытӕм, цӕмӕй архайой хиуылхӕцгӕйӕ, афтӕ ма саразой къахдзӕфтӕ уавӕры деэскалацийы тыххӕй.

"Ахӕм позици хорзыл банымадтой Женеваг дискусситы хайадисджытӕ", - бахахх кодтой Уӕрӕсейы ФХМ.

Дискусситы рӕстӕджы абхазаг фарс фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ арӕны сӕртыл ахизыны арӕнӕвӕрдтӕ сисыны тыххӕй, кӕцытӕ раздӕр сӕвӕрдтой ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны тыххӕй.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ: Тбилис фӕнд кӕны расайын гарзджын конфликт

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0