Бибылты Анатолий бахӕс кодта бафидын ӕфсӕддонтӕн пенситӕ

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хицауады рабадт
РХИ хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонты пенсион ифтонгады фарстыл ӕрдзырдтой хицауады рабадтыл майрӕмбоны

ЦХИНВАЛ, 17 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕгӕн бафидын ӕфсӕддонтӕн пенситӕ.

Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон

"Ноябрӕн ӕфсӕддонтӕ хъуамӕ райсой пенситӕ. Ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕркӕсын пенсиисджытӕн 2018 ӕмӕ 2019 ӕзты тыххӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ бафидыны фарстмӕ", - банысан кодта президент хицауады рабадтыл.

Хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим фехъусын кодта, пенсион хъуыддӕгтӕ кӕй бацӕттӕ кодтой 25 адӕймагӕн, кӕцытӕ ныридӕгӕн райстой пенситӕ.

"Сӕрмагонд хъуыддӕгты фӕдыл куыст нырма дӕр уагъд цӕуы. Иумӕйагӕй 117 адӕймаджы хъуамӕ райсой пенситӕ", - бахахх кодта министр.

Президент банхъардта фӕтагъд кӕнын ӕфсӕддонты сӕрмагонд хъуыддӕгты цӕттӕкӕнынад.

Ног хабӕртты лентӕ
0