Скифаг сыгъзӕрин ӕмӕ ирон аивад: Эрмитажы байгом сты Ирыстоны культурӕйы бонтӕ

© Пресс-служба президента РЮО"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы
Ирыстоны культурӕйы бонтӕ Эрмитажы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн, хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Санкт-Петербурджы дарддӕр уагъд цӕуынц бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонды сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн – фыццаг хатт бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Эрмитажы. Мадзалы баконды хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

© Пресс-служба президента РЮО"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы
Скифаг сыгъзӕрин ӕмӕ ирон аивад: Эрмитажы байгом сты Ирыстоны культурӕйы бонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы

Бибылты Анатолий загъта бузныг музейы генералон директор Михаил Пиотровскийӕн Ирыстоны культурӕйы бонтӕ сорганизаци кӕныны тыххӕй Эрмитажы ӕмӕ банысан кодта, Ирыстоны истори ӕмӕ культурӕйы тыххӕй кӕй хъуамӕ зона дунейон зонадон ӕхсӕнад, ӕмӕ Эрмитаж бакодта стыр куыст ацы здӕхтты.

Президент ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегацийӕн ауагътой экскурси Эрмитажы залты, кӕцыйы рӕстӕджы сын равдыстой скифаг сыгъзӕрины коллекци.

© Пресс-служба президента РЮО"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы
Скифаг сыгъзӕрин ӕмӕ ирон аивад: Эрмитажы байгом сты Ирыстоны культурӕйы бонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы

Мадзалы баконды Михаил Пиотровский бахахх кодта, зӕгъгӕ, Ирыстонимӕ баст цы у, уый баст у дунейон культурӕимӕ дӕр.

"Алантӕ, скифтӕ – уый у егъау культурӕ. Абон мадзалы бӕрӕгбонон хайӕ дарддӕр радзурдзысты зонадон иртӕстытӕ ӕмӕ проблемӕты тыххӕй, кӕцытӕ баст сты Ирыстонимӕ. Афтӕ ма сымах фендзыстут ирон аивады диссаджы хуызӕгтӕ", - загъта музейы директор.

Ирыстоны бонты баконды ралӕууыд Санкт-Петербурджы губернатор Александр Беглов дӕр, кӕцы банысан кодта Ирыстоны минӕвӕртты хайбавӕрд Уӕрӕсейы историмӕ.

"Ирыстонӕн ис ахсджиаг бынат ӕрмӕст Уӕрӕсейы историйы нӕ, фӕлӕ дунейон ӕхсӕнады дӕр. Петербурджы экономикон форумы мах базондзыстӕм кӕрӕдзи цӕстӕнгас ӕмӕ фӕлтӕрддзинад", - загъта уый.

© Пресс-служба президента РЮО"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы
Скифаг сыгъзӕрин ӕмӕ ирон аивад: Эрмитажы байгом сты Ирыстоны культурӕйы бонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирыстоны культурӕйы бонтӕ" Эрмитажы

Хуссар Ирыстоны президент схорзӕхджын кодта Александр Беглов ӕмӕ Михаил Пиотровскийы Хӕларады ордентӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0