Хуссар Иры фӕфылдӕр сты гриппӕй рынчынтӕ – статистикӕ къуыримӕ

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры фӕфылдӕр сты гриппӕй рынчынтӕ
Хуссар Иры фӕфылдӕр сты гриппӕй рынчынтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри медиктӕм бадзырдтой 30 адӕймаджы фылдӕр уый размӕ къуыримӕ абаргӕйӕ, уый равдыста рынчынкӕнынады статистикӕ

ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны вирусон инфекцитӕ ӕмӕ гриппӕй рынчынты нымӕц чысыл фӕфылдӕр ис. Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ивгъуыд къуырийы рынчынкӕнынады уавӕры фӕдыл бӕррӕггӕнӕнтӕ.

Уагдон иудадзыг уадзы уавӕры мониторинг, куы бахъӕуы, уӕд рахизы ӕрвылбонон багӕрсттӕм.

"Республикӕйы медицинон организацитӕм 21-ӕй 27-ӕм октябрмӕ бадзырдтой 278 адӕймаджы, се хсӕн 240 сывӕллоны, уыдонӕй 191 сты скъолайы агъоммӕ сывӕллӕттӕ. 41 сывӕллоны та сты скъолайон кары сывӕллӕттӕ", - фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Хуссар Иры уадзынц уæлæмхас иммунизаци полиомиелиты ныхмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уадзынц уæлæмхас иммунизаци полиомиелиты ныхмæ

Афтӕмӕй, медицинон ӕххуысы фӕдыл чи бадзырдта, уыдоны фылдӕр хай сты горӕты цӕрджытӕ.

Югосетпотребнадзор фехъусын кодта, гриппы ныхмӕ иммунизаци нырма дӕр уагъд кӕй цӕуы. Уадзынц ӕй ӕнӕаргъӕй. Уагдон ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой сӕ ӕнӕниздзинадмӕ ӕмӕ саразой прививкӕ гриппы ныхмӕ.

14-ӕй 20-ӕм октябрмӕ медицинон ӕххуысы фӕдыл бадзырдтой 264 адӕймаджы, се хсӕн 245 сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0