Ӕхцайы приз майданы тыххӕй: Цхинвалы схорзӕхджын кодтой дунейы чемпионы

© Пресс-служба комитета по молодежной политике, спорту и туризмуЦхинвалы схорзӕхджын кодтой Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланы
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны олимпиаг комитеты президент радта хорзӕх спортсмен ӕмӕ тренерӕн ӕнтыстыты тыххӕй ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады

ЦХИНВАЛ, 31 окт - Sputnik. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой 300 мин сомы бӕрц ӕхцайы сертификаттӕй дунейы фыццагады уӕлахиздзау Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд спортивон комплекс "Олимп"-ы. Республикӕйы хъӕбысхӕсты федерацийы къухдариуӕгады номӕй премитӕ спортсмен ӕмӕ йӕ тренерӕн радта Хуссар Ирыстоны олимпиаг комитеты президент, республикӕйы хъӕбысхӕсты федерацийы вице-президент Табуты Роберт.

Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболаты цӕст бауарзта Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренерӕн дарддӕры спортивон ӕнтыстытӕ.

"Тынг ӕхсызгон мын у, нӕ республикӕйы минӕвӕрттӕн кӕй ис ахӕм ӕнтыстытӕ. Махмӕ та ногӕй ис Европӕ ӕмӕ дунейы фыццагӕдты уӕлахиздзаутӕ. Уый у тренер Коцты Тамерланы егъау куысты руаджы", - банысан кодта Тедеты Дзамболат.
© Пресс-служба комитета по молодежной политике, спорту и туризмуЦхинвалы схорзӕхджын кодтой Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланы
Ӕхцайы приз майданы тыххӕй: Цхинвалы схорзӕхджын кодтой дунейы чемпионы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ йӕ тренер Коцты Тамерланы

Коцты Тамерлан ӕмӕ йӕ хъомылгӕнинаг загътой бузныг хъӕбысхӕсты федерацийы къухдариуӕгадӕн ӕмӕ равдыстой ныфс, дарддӕр дӕр кӕй райын кӕндзысты Хуссар Ирыстоны спорт уарзджыты сӕ ӕнтыстытӕй.

Амйӕразмӕ республикӕйы хъӕбысхӕсты федераци 300 мин сомы бӕрц ӕхцайы премийӕ схорзӕхджын кодта Коцты Тамерланы ӕндӕр хъомылгӕнинаг – Бестауты Андрейы, кӕцы ссис Европӕйы фыццагады уӕлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0