Хуссар Иры судзы хъӕд. Арт ахуыссын кӕныныл тох кӕнынц зынгфӕдисонтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрад
РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзты бынатмӕ зын у ссӕуын къахӕй дӕр, фехъусын кодтой УУМ. Арт ахуыссын кӕнынӕн ирвӕзынгӕнджытӕн цӕттӕ сты баххуыс кӕнын бархионтӕ

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы дыккаг бон судзы хъӕд. Зынгфӕдисон хӕдтулгӕтӕн сӕ бон нӕу бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ, ирвӕзынгӕнджытӕ фӕнд кӕнынц ахуыссын кӕнын арт къухӕй, загъта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады хистӕр Ленингоры районы Лазарты Михаил.

Зынгсирвӕзт Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Галуанты хъӕуы ссыгъд хус кӕрдӕг, зынгфӕдисонтӕ бахӕццӕ сты рӕстӕгыл

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзты бынатмӕ зын у бацӕуын къахӕй дӕр, фӕлӕ ирвӕзынгӕнджытӕ цӕттӕ сты алцыдӕр саразын ар ахуыссын кӕнынӕн.

"Мах ӕмбырд кӕнӕм адӕмы, цӕмӕй къухӕй ахуыссын кӕнӕм арт, ӕндӕр фадӕттӕ нын нӕй. Бархионтӕ цӕттӕ сты баххуыс кӕнын. Махмӕ ам ис 20 адӕймаджы, сыхаг хъӕуӕй дӕр ӕрбацӕудзысты 12 бархионы", - загъта Лазарты Михаил.

Зынгсирвӕзт фӕзынд Цъубены хъӕуы цур обауыл. Зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзты фӕзуат сбӕрӕг кӕнын нырма сӕ бон нӕу.

"Хъӕд ссыгъд обауыл, махӕн нӕ бон сбӕрӕг кӕнын нӕу зынгсирвӕзты фӕзуат. Цъубены хъӕуӕй цауы бынатмӕ хъӕуы ӕртӕ-цыппар километры. Ӕз бафӕдзӕхстон хъӕуы цӕрджыты, цӕмӕй арт хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд уайтагъд фехъусын кӕной", - загъта Лазарты Михаил.

Ног хабӕртты лентӕ
0