Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Германийы парламенты депутаттимӕ

© МИД РЮОХуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Германийы парламенты депутаттимӕ
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Германийы парламенты депутаттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг бабӕрӕг кодта Германи дӕсбонон кусӕгон балцы фӕлгӕтты Европӕйы бӕстӕтӕм

ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ауагъта цалдӕр фембӕлд Берлины регионалон парламенты партиты минӕвӕрттимӕ, хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Берлины сарӕзтой гермайнаг-ирон хӕларады клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Берлины сарӕзтой гермайнаг-ирон хӕларады клуб

"Германимӕ балцы кӕрон Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий бабӕрӕг кодта Берлины регионалон парламент, цы ран ауагъта цалдӕр фембӕлды партиты минӕвӕрттимӕ. Фембӕлдты рӕстӕджы ӕрдзырдтой фарстытыл, кӕцытӕ цымыдис кодтой дыууӕ фарсы дӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Балцы фӕлгӕтты Медойты Дмитрий фембӕлд Германийы сербӕгты цӕдисы минӕвӕрттӕ ӕмӕ сербаг ӕхсӕнады уӕнгтимӕ.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг кӕй бабӕрӕг кӕндзӕн Европӕйы кӕцыдӕр бӕстӕтӕ йӕ кусӕгон балцы фӕлгӕтты, кӕцы адаргъ уыдзӕн 19 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0