Цхинвалы ацӕудзӕн фембӕлд женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хицауад
Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы минӕвӕрттӕ Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ-йӕ дыццӕджы ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ

ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл ӕхсӕнадӕмон женеваг дискусситы минӕвӕрттӕ ауадздзысты фембӕлд Цхинвалы иннӕ къуыри, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

"Дискусситы минӕвӕрттӕ Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ-йӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ дыццӕджы, 19 октябры, цӕмӕй ӕрныхас кӕной хуссарирыстойнаг фарсимӕ Женеваг дискусситы радон раунды боны фӕткыл", - загъта Джиоты Мурӕт.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе фехъусын кодта йӕ позици Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕндыгъд уавӕры тыххӕй

Ӕххӕстбарджын минӕвар бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕрныхас кӕндзысты ӕдасдзинады фарстытыл, афтӕ ма гуманитарон уавӕр ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг темӕтыл. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл дискусситы иннӕ раунд ацӕудзӕн Женевайы декабры, банысан кодта Джиоты Мурӕт.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0