Ӕввахс фидӕны фарст: Медойты Дмитрий Хуссар Иры минӕварады баконды тыххӕй Германийы

© Sputnik / Наталья АйриянМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Берлинмӕ балцы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр банысан кодта, "Германийы кӕй ис стыр интерес Хуссар Ирыстонмӕ"

ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады баконд Германийы у ӕввахс фидӕны фарст, радзырдта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг йӕ интервьюйы РИА Новости. Ахӕм уынаффӕ министр рахаста Берлинмӕ балцы фӕстӕ.

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Германийы парламенты депутаттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Германийы парламенты депутаттимӕ

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕварадтӕ кусынц Итали, Бельги, Нидерланды, Люксембург, Бразили ӕмӕ Аргентинайы. Афтӕ ма республикӕйӕн ис минӕварадтӕ бӕстӕты, кӕцытӕ банымадтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

"Мах нывӕндӕм кусын ацы здӕхтты. Скъуыддзаг гӕнӕн ис рахӕссӕм ӕввахс фидӕны", - банысан кодта Медойты Дмитрий.

Министр бахахх кодта, Берлинмӕ балцы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ гӕнӕн ис банысан кӕнын, "Германийы кӕй ис стыр интерес Хуссар Ирыстонмӕ".

"Хуссар Ирыстоны дарддӕры ӕхсӕнадӕмон банымады фарсты фӕдыл махӕн ис дырыс позици ӕмӕ йыл мах кусдзыстӕм ӕмӕ размӕ цӕудзыстӕм ацы здӕхты. Мах тырндзыстӕм, цӕмӕй нӕ бӕстӕйы хӕдбардзинад банымайой Европӕйы бӕстӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр паддзахадтӕ", - фехъусын кодта уый.

Мӕскуы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы, гуырдзиаг ӕфсӕдтӕ 2008 азы 8 августы куы бабырстой Хуссар Ирыстонмӕ, уый фӕстӕ.

Афтӕ ма Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0