Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дунейон форумы

© МИД РЮОХуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дунейон форумы
Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дунейон форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум, кӕцы уагъд цыд Мӕскуыйы ивгъуыд къуыри, ӕрӕмбырд кодта иу фӕзуатыл 130 делегаты дунейы 70 бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвӕрттӕ Уалыты Марина, Цхуырбаты Александра ӕмӕ Бабаты Зема хайад райстой ӕвзонг дипломатты ӕртыккаг дунейон форумы, кӕцы сорганизаци кодта Уӕрӕсейы ФХМ ӕвзонг дипломатты совет. Мадзал уагъд цыд 13-15 ноябры Мӕскуыйы, хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы

Форум ӕрӕмбырд кодта иу фӕзуатыл 130 делегаты дунейы 70 бӕстӕйӕ, йӕ темӕ уыд дунейы фӕткы ивындзинӕдтӕ.

Форумы куыст уагъд цыд пленарон секциты фӕлгӕтты, кӕцытыл ӕрдзырдтой ахӕм темӕтыл куыд, ДИФ, Интернет ӕмӕ гуманитарон организациты бынат нырыккон ӕхсӕнадӕмон ахастыты, 75 азы фашизмимӕ тохы Уӕлахизыл, афтӕ ма нырыккон ӕвзонг дипломаты фӕлгонц.

Афтӕ ма форумы фӕлгӕтты бафыстой Меморандум Уӕрӕсейы ФХМ ӕмӕ Иугонд Арабаг Эмиратты ФХМ ӕвзонг кусджыты организациты ӕмархайды фӕдыл.

Фӕстаг бон делегаттӕ хорзыл банымадтой Ӕвзонг Дипломатты Ӕхсӕнадӕмон Ассоциацийы Уагӕвӕрд.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дыккаг дунейон форумы, кӕцы ацыд фарон ноябры Сочийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0