Хуссар Иры гимнасткӕтӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдан турниры Петербурджы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры гимнасткӕтӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдан турниры Петербурджы
Хуссар Иры гимнасткӕтӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдан турниры Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг спортсменкӕтӕн сӕ ирд ралӕуд радта фадат схизын турнир "Цӕгаттаг Венеци"-йы кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны командӕ аивадон гимнастикӕйӕ "ИР-ОЛИМП АРИОН" рамбылдта сыгъзӕрин майдан турнир "Цӕгаттаг Венеци"-йы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады

Ерыстӕ ацыдысты Санкт-Петербурджы Лесгафты номыл Физикон культурӕйы университеты спортивон комплекс "Манеж"-ы.

"Хуссар Ирыстоны командӕйӕн уыд ирд ралӕуд ӕмӕ уый фӕдыл схызт кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ. Ӕвзонг спортсменкӕты бацӕттӕ кодтой тренертӕ Цхуырбаты Зема, Зассеты Элина, Джабиты Зӕринӕ ӕмӕ хореограф-ӕвӕрӕг Сания Глызина", - хъусын кӕны пресс-службӕ эстетикон ӕмӕ аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Земайы ныхӕстӕ.

Цхуырбаты Зема загъта бузныг паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн ӕмӕ фонд "Иугонд Ирыстон"-ӕн ӕххуысы тыххӕй, кӕцыйы руаджы ӕвзонг спортсменкӕтӕн фадат ис размӕ цӕуын ӕмӕ ӕвдисын хорз фӕстиуджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0