Хæсты æмæ хæларады цырт: азы кæронмæ Цхинвалы сараздзысты хъайтарты мемориал

© Фото из архива А. БерезневаХуссар Ирыстоны 1989 -2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъахъхъæнджыты мемориалон комплекс
Хуссар Ирыстоны 1989 -2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъахъхъæнджыты мемориалон комплекс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддонты хъæбатырдзинадæн нывонд номарæн къуым хæрзарæзт цæуы Цхинвалы раздæры кинотеатр "Фидиуæг"-ы бынаты

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Столицæйы азы кæронмæ сцæттæ уыдзæн Хуссар Ирыстоны 1989-2008 æзты Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъахъхъæнджыты мемориалон комплекс, загъта Sputnik арæзтадон организаци "Гарантгрупп"-ы генералон директор Березнев Александр.

Знауыры фæзындзæн Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры фæзындзæн Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал

Ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддонты хъæбатырдзинадæн нывонд номарæн къуым хæрзарæзт цæуы Цхинвалы раздæры "Фидиуæг"-ы кинотеатры бынаты, Тугъанты Махарбеджы уынгыл, Генералон прокуратурæ æмæ Национ музейы хсæн.

"Азы кæронмæ хъуамæ арæзтад балхынцъ кæнæм. Ныридæгæн æмбырдгæнгæ конструкцитæ монтаж цæуынц. Мемориалон комплексы централон бынат ахсынц дыууæ æфсæддоны, кæцытæ æвдисынц уæрæсейаг æмæ ирон хæстонты иудзинад знаджы ныхмæ тохы. Скульптурæты бæрзæнд у 4, 20 метры бæрц. Сæ фæсчъылдым уыдзæн импровизацигонд тох", - загъта Березнев Александр.

Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бакодтой цырт Джусойты Нафийæн

Уый ма радзырдта, комплексы æддаг бакаст кæй ис культурæйы министрады аивадон советы хъусдарды бын, скульпторæй дзы кусы Хайты Ибрагим.

2019 азы Инвестнывæзты фæлгæтты объекты арæзтадæн хицæн æрцыд 64 милуан сомы.

Хæсты хъайтартæн нывонд мемориалон комплексы арæзтадыл дзырд цыд 2008 азы ирон-гуырдзиаг хæстæй фæстæмæ. Бацæттæ æрцыд цалдæр варианты дæр, уыдонæй иууыл ахадгæдæр уыд дзæнæттаг сгуыхт нывгæнæг Джуссойты Иналы проект, кæцы фæнд кодтой самайын Тулдзы къохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0