Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы юстицийы министртӕ ӕрдзырдтой профилон фарстытыл Мӕскуыйы

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы Юстицийы министрад
Уӕрӕсейы Юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады минӕвӕртты фембӕлды фӕлгӕтты фӕхуыдтой хайад райсын Х Петербургаг ӕхсӕнадӕмон юридикон форумы

ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ фембӕлд Мӕскуыйы йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Александр Коноваловимӕ. Министртӕ ӕрдзырдтой профилон фарстытыл, хъусын кӕны республикӕйы Юстицийы министрады пресс-службӕ.

"Уӕрӕсейы Юстицийы министрады Мӕскуыйы фембӕлдысты Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы юстицийы министр Александр Коновалов. Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны тӕрхондоны приставтӕ ӕмӕ рӕстмӕгӕнӕн колонийы кусджыты пенсионон ифтонгады проблемӕтыл, афтӕ ма республикӕйы территорийыл уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы объектты арӕзтадыл", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны кусӕгон балцы ис Донецкы Адӕмон Республикӕйы делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы Юстицийы министрӕдтӕ бафысдзысты меморандум

Фарсытӕ бахахх кодтой, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы ауадзын консультацитӕ экспертон ӕмвӕзадыл фарстытыл дарддӕры бакуысты тыххӕй, афтӕ ма равдыстой ныфс, дардӕр пайдаджын ӕмгуыстад кӕй кӕндзысты.

Афтӕ ма Александр Коновалов фӕхуыдта хуссарирыстойнаг коллегӕты хайад райсын Х Петербургаг ӕхсӕнадӕмон юридикон форумы куысты, кӕцыйы быдыртыл нывӕндынц бафыссын 2020-2021 ӕзтӕм ӕмгуыстады ног программӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0