Хъӕбатырдзинады тыххӕй: Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты
Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент банысан кодта ӕфсӕддонты цӕсгомджын службӕ Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбонӕн

ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕн хъӕбатырдзинады тыххӕй, кӕцы уыдон равдыстой республикӕйы хӕдбардзинад хъахъхъӕныны рӕстӕджы, афтӕ ма ӕфсӕддон хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджын ӕххӕст кӕныны тыххӕй. Хорзӕхкӕныны церемони нывонд уыд Хъӕбатырдзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бонӕн, кӕцы нысан кӕнынц 23 ноябры.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы кусджыты

Президент загъта бузныг ӕрӕмбырдуӕвджытӕн цӕсгомджын службӕйы тыххӕй Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбонӕн. Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, 23 ноябрь кӕй у ахсджиаг бон ӕрмӕст ӕфсӕддонтӕн нӕ, фӕлӕ алкӕмӕндӕр, чик кад кӕны республикӕйы хъайтартӕн.

"1989 азы 23 ноябры нӕ фӕсивӕд слӕууыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны фӕндагыл. Уыцы моментӕй фӕстӕмӕ райдадта тох нӕ бӕстӕйы хӕдбардзинадыл, кӕцыйы фӕстиуӕг ссис Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Уӕрӕсейы Федерацийы рдыгӕй", - загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕфсӕддонтӕн радтой майдантӕ "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн", "Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн". Уымӕй дарддӕр бирӕазон активон ӕхсӕнадон-политикон архайд ӕмӕ 65-азон юбилейы цытӕн президент схорзӕхджын кодта "Хӕларады Орденӕй" Дудайты Альберты.

Ног хабӕртты лентӕ
0