Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уазнывон сис цæттæ кæны æрхонгæ специалист, Мæскуыйы аргъуантæм кæсджыты гильдийы уæнг Антон Перов

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik, Плиты Фатимæ. Мæскуыйаг нывæггæнæг-керамист фæуыд кæны куыст Хуссар Иры Алайнаг епархийы кафедралон аргъуаны иконостасыл. Мæскуыйы аргъуантæм кæсджыты гильдийы уæнг Антон Перов йе ʻмкъайимæ уазнывон сисыл кусы æртæ азы бæрц.

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас

Иконостасыл куыст фæнд кæнынц балхынцъ кæнын уалдзæджы, уæдмæ сцæттæ уыдзысты йæ фæрсон дуæрты фæлыст æмæ централон хайы дзуар.

"Куыст райыдыдтам æртæ азы размæ. Иконостасы æддаг бакасты эскиз баццæттæ æрцыд алайнаг епархийы динамонджыты æнхъарæнтæ хынцгæйæ. Ис дзы традицион Мад Майрæм æмæ Чырыстийы стыр уазнывтæ, стæй ма паддзахы дыуæрттæ. Иконостасы уæллаг хай цы рæнхъ ис чысыл уазнывтимæ, уый арæзт æрцыд фыд Иаковы æнхъарæнмæ гæсгæ", - загъта Sputnik Антон Перов.

Иконостас у фарофорæй конд, æххæст цæуы сæрмагонд техникæйы.

Мад Майрæм Авдфатон-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ æртыккаг хатт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мад Майрæмы уазныв "Авдфатон" æрластой Цхинвалмæ

"Сис конд у сæрмагонд техника "подглазурная роспись"-ы, иконостасæн тас нæу артæй, уымæлæй æмæ донæй. Куыст хъавын фæуын уалдзæджы, уæдмæ сцæттæ уыдзæн фарсон(дзæнæтон) дуæрттæ æмæ дзуар. Иконостасы уазнывтæ мын цæттæ кæны ме ʻмкъай, нывгæнæг Ольга Перова", - загъта уый.

Иконстасы дæргъ у аст метры, йæ бæрзæнд æхсæз метры онг.

"Сæрæй йæ нæхæдæг дæр фидарæй нæ зыдтам, цы хуызы уыдзæн, фæлæ цы рауад, уый у тынг зæрдæмæдзæугæ", - загъта Sputnik фыд Симон.

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
© Sputnik / Наталья АйриянФыд Симон æмæ Антон Перов.
Фыд  Симон æмæ Антон Перов - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Фыд Симон æмæ Антон Перов.
© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас.
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас.
1/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
2/4
Фыд Симон æмæ Антон Перов.
3/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас
4/4
Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы фæзындзæн ног иконостас.
Ног хабӕртты лентӕ
0