Хуссар Иры ахуырадон уагдӕтты ӕфсадмӕ цӕттӕдзинад суыдзӕн ӕнӕмӕнг

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ахуырадон уагдӕтты ӕфсадмӕ цӕттӕдзинад суыдзӕн ӕнӕмӕнг
Хуссар Иры ахуырадон уагдӕтты ӕфсадмӕ цӕттӕдзинад суыдзӕн ӕнӕмӕнг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон уагдоны хъӕппӕрис ӕртыццӕджы хорзыл банымадтой республикӕйы хицауады рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хицауады рабадтыл хорзыл банымадтой ӕфсӕддон службӕмӕ ӕмбӕстӕгты цӕттӕкӕнынады уагӕвӕрд. Республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим банысан кодта, нырыккон уавӕрты уый кӕй у паддзахадон политикӕйы приоритетон здӕхт.

Хицауады рабадтыл министр радзырдта ӕфсӕддон службӕмӕ ӕмбӕстӕгты цӕттӕкӕнынады тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, уагӕвӕрд кӕй сарӕзтой ӕфсӕддон хӕс ӕмӕ ӕфсӕддон службӕйы фӕдыл законмӕ гӕсгӕ.

"Ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынадмӕ гӕсгӕ ӕмбӕстӕгтӕ райсдзысты райдайӕн зонындзинӕдтӕ хъахъхъӕнынады фадыджы, афтӕ ма сын бацамондзысты ӕфсӕддон службӕйы бындуртӕ астӕуккаг ахуырады уагдӕтты, райдайӕн профессионалон ахуыргӕнӕндоны, астӕуккаг профессионалон ахуыргӕнӕндоны ӕмӕ организациты ахуырадон пунктты", - загъта Гассеты Ибрагим.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕкӕнынады ӕнӕмӕнг хай у ӕфсӕддон-патриотикон хъомылад. Афтӕ ма, уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕттӕ кӕндзысты ӕфсӕддон дисциплинӕтӕй солдатты, сержантты ӕмӕ старшинӕты, афтӕ ма уадздзысты медицинон басгӕрст дӕр.

Хуссар Иры хицауад сфидар кодта ног фӕцӕрӕн минимум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад сфидар кодта ног фӕцӕрӕн минимум

Гассеты Ибрагим бахахх кодта, ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрсидты размӕ нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ рацӕуой цӕттӕкӕнынад ӕфсӕддон службӕйы бындурты фӕдыл ахуырадон уагдӕтты ахуыры фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы.

"Цӕттӕкӕнынад ӕххӕст кӕндзысты ахуырадон уагдӕтты педагогон кусджытӕ паддзахадон ахуырадон программӕтӕм гӕсгӕ", -фехъусын кодта министр.

Уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, ахуырадон уагдӕтты ӕмӕ профессионалон ахуырадон организациты сылгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ ахуыр кӕной медицинон бындуртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0