Цӕттӕ стӕм ног фӕсидтӕм: Хуссар Иры УУМ зымӕджы куысты тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирвӕзынгӕнӕн уагдон бацӕттӕ кодтой зымӕгмӕ. Уый тыххӕй министрады сӕргълӕууӕг радзырдта журналисттимӕ фембӕлды рӕстӕджы Sputnik пресс-центры

ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ, цӕмӕй ӕххӕст кӕна йӕ хӕслӕвӕрдтӕ зымӕджы, загъта уагдоны сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт.

УУМ сӕргълӕууӕг радта Sputnik фыццаг пресс-конференци йӕ бынатмӕ снысан кӕныны фӕстӕ. Уый скодта азы развӕлгъау хатдзӕгтӕ, радзырдта уӕлвӕткон цауты профилактикӕ, зынгсирвӕзтты ӕдасдзинад, ирвӕзынгӕнджыты цӕттӕкӕнынад ӕмӕ цӕрджытӕн ӕххуысы тыххӕй.

"Ацы аз мах нӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтам сӕдӕ проценты. Фӕлӕ зымӕг разӕй ис, мах цӕттӕ стӕм ног проблемӕтӕм. Техникӕ ракодтам эксплуатацийы зымӕгон режиммӕ, кусджытӕ цӕттӕ сты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Махмӕ ис диссаджы медиктӕ, мах активон ӕмархайд кӕнӕм фӕндагон службӕтимӕ, газы кусджытимӕ ӕмӕ энергетиктимӕ", - загъта Цоциты Азӕмӕт.
Зынгфӕдисонты хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ мин фӕсидты: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2019 азы фӕстиуджыты тыххӕй

Министр ма банысан кодта, зымӕгон период сӕйраг хъусдард здӕхт кӕй вӕййы Транскавказон автомагистралмӕ. УУМ дӕлхайӕдтӕй иу ис Ручъы хъӕуы, йӕ кусджытӕ сӕ цӕст дарынц фӕндаджы уавӕрмӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц адӕмӕн, кӕцытӕ бахауынц уӕззау уавӕры трассӕйыл. Уым ма ис сӕрмагонд бӕстыхай, цы ран УУМ кусджытӕн фадат ис бакӕнын 20 адӕймаджы онг ӕмӕ сын сӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс.

"Транскамы хуссайраг хай ивгъуыд ӕзты куыста ӕнӕ фӕурӕдтӕй. Нӕ фарсыл нӕй бынат, цы ран ӕрцӕуынц стыр зӕйтӕ", - загъта Цоциты Азӕмӕт.

Зымӕгон периоды проблемӕтӕй иу у контрафактнон пиротехникӕ дӕр, кӕцытӕ егъау бӕрцуаты реализаци кӕнынц бынӕттон амалиуӕггӕнджытӕ. Министр радзырдта, уагдоны инспектортӕ МХМ кусджытимӕ иумӕ кӕй уадзынц рейдтӕ базарадон объекттыл. Ахӕм мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты ацы аз дӕр ногазон бӕрӕгбонты хӕдразмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0