Хуссарирыстойнаг богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Рафыссын
Амӕйразмӕ цхинвайлаг спортсмен Зассеты Арсӕмӕг ссис Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион

ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдан Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Андиаты Сосланы мысӕнӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от ⚪️🔴🌕 (@minsport15)

Коцты Тамерланы хъомылгӕнинаг архайдта 97 кг уӕзы категорийы. Фыццаг фембӕлды Арсӕмӕг фӕуӕлахиз Плиты Азӕмӕтыл, уый фӕстӕ та разынд тыхджындӕр дагейстайнаг Абдул Магомедовӕй. Ӕрдӕгфиналы цхинвайлаг спортсмен рамбылдта Адыгейы минӕвар – Азрет Шогеновы.

Финалон тохы Зассеты Арсӕмӕг фембӕлд ӕндӕр ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Дудайты Сосланбегимӕ, кӕцыйы рамбылдта 4:2 хыгъдӕй.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы 28-29 ноябры.

Амӕйразмӕ цхинвайлаг скъолайы хъомылгӕнинаг Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдантӕ Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпионаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0