Радтой се ‘нӕниздзинад сӕрибардзинадӕн. Плиты Мæдинæ Хуссар Иры фӕцӕфуӕвджыты фонды тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Мæдинæ
Плиты Мæдинæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хӕстон архӕйдтыты фӕцӕфуӕвджыты фонды сӕрдар Плиты Мæдинæ радзырдта Sputnik организацийы куыст ӕмӕ ӕнтыстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕппӕт дунейы дыццӕджы нысан кӕнынц Инвалиды бон. Хуссар Ирыстоны 2005 азӕй фӕстӕмӕ кусы фонд, кӕцы ӕххуыс кӕны хӕстон архӕйдтыты 199 инвалидӕн. Организацийы сӕргъ лӕууы орден "Уацамонгӕ"-йы кавалер Плиты Мæдинæ.

Плиты Мадина скодта хатдзӕгтӕ 2019 азӕн ӕмӕ банысан кодта, ацы аз кӕй уыд пайдаджын йӕ организацийӕн.

"Фонды ис 199 инвалиды, кӕцытӕ райстой цӕфтӕ республикӕйы хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы. Фӕцӕфуӕвджыты нымӕцы ис фыццаг къорды фондз инвалиды, анӕттӕ сты дыккаг къорды. Уыдон хайад исынц республикӕйы алкӕцы мысӕн мадзалы дӕр. Сӕхи инвалидтыл нӕ нымайынц, тырнынц ӕмӕ дарддӕр хӕссынц пайда сӕ фыдыбӕстӕйӕн", - загъта организацийы сӕрдар.

Уӕлдӕр командӕгӕнӕг лӕууы нӕ фарсмӕ

Плиты Мадина бахахх кодта, президент Бибылты Анатолийы ӕххуысы руаджы фонд кӕй арвыста протезтӕ баивынмӕ дыууӕ адӕймаджы.

"Фӕсивӕдӕй бирӕты хъӕуы реабилитацион ӕххуыс, ӕмӕ сӕ мах арӕх арвитӕм хоскӕнынмӕ. Афтӕ ма нын Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕххӕст кӕны медицион ӕмӕ социалон ӕххуыс. Бирӕтӕ ацы аз рацыдысты санитарон-курортон хоскӕнынад. Алкӕйдӕр радгай кӕй ӕрвитӕм, уымӕ гӕсгӕ фидӕн аз ацӕудзысты ацы аз чи нӕ уыд, уыдон", - загъта фонды сӕрдар.

Плиты Мæдинæ бахахх кодта, зӕгъгӕ, инвалидтӕм сӕ цӕст дары паддзахад ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад – хорзӕхтӕ алыхатт дӕр ссарынц сӕ хъайтарты.

Ӕмгуыстад ӕмӕ ӕххуыс

Фӕцӕфуӕвджыты фонд ӕмгуыстад кӕны Уӕрӕсе, Абхаз ӕмӕ Донецкы адӕмон республикӕйы (ДАР) профилон организацитимӕ.

"Амӕйразмӕ бафыстам ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд ДАР фӕцӕфуӕвджыты организациимӕ. Ӕххуыс сын кӕндзыстӕм нӕ фадӕттӕм гӕсгӕ. Мах бадзырдтам паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй нын саразой цырт ӕмӕ йӕ балӕвар кӕнӕм донецкаг ӕфсымӕртӕн зынгхуыст хъайтарты мысӕнӕн", - радзырдта фонды разамонӕг.

Уый уыдзӕн фонды ӕртыккаг гуманитарон акци ДАР-ы.

Хуссар Иры схорзæхджын кодтой хæстон  ветеранты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схорзæхджын кодтой хæстон архайдты ветеранты

Плиты Мæдинæ загъта бузныг алкӕмӕндӕр, чи ӕххуыс кӕны фондӕн.

"Уыцы адӕмӕн мах алкӕмӕндӕр зӕгъӕм стыр бузныг. Ӕмӕ арфӕ кӕнӕм республикӕйы адӕмӕн ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн", - бахахх кодта Плиты Мæдинæ.

1989-2008 ӕзты дӕргъы Хуссар Иры территорийыл хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ инвалидты фонд кусы 2005 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕд фонд уыд комитет "Мысӕн"-ы сконды. 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ инвалидты нымӕц фӕфылдӕр, ӕмӕ уый фӕдыл сарӕзтой сӕхи организаци 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0