Хуссар Иры президент снысан кодта йе ‘ххуысгӕнӕгӕй хӕстон архӕйдтыты ветераны

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джыгкайты Алан йӕ цӕст дардзӕн фӕсивӕдон проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнынмӕ ӕмӕ республикӕйы хӕстон архӕйдтыты хайадисджытӕн ӕххуысы фарстытӕм

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта Джыгкайты Аланы паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕххуыгӕнӕгӕй. Ацы бынаты уый йӕ цӕст дардзӕн фӕсивӕдон проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнынмӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕстон архӕйдтыты хайадисджытӕн ӕххуысы фарстытӕм.

"Развӕлгъау бӕрӕг у, мӕ куыст баст кӕй уыдзӕн фӕсивӕд ӕмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл хӕстон архӕйдтыты хайадисджытӕн ӕххуысимӕ", - радзырдта Sputnik Джыгкатй Алан.

© facebook/Эллада ОвакимянДжыгкайты Алан
Хуссар Иры президент снысан кодта йе ‘ххуысгӕнӕгӕй хӕстон архӕйдтыты ветераны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джыгкайты Алан

Биографион справкӕ

Джыгкайты Алан Иваны фырт райгуырд Цхинвалы 1963 азы. Фӕцис ӕхсӕзӕм астӕуккаг скъола, уый фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт.

1979 азӕй фӕстӕмӕ у студентон клуб "Аполлон"-ы уӕнг.

1985-1987 ӕзты службӕ кодта Советон Ӕфсады.

1989-2008 ӕзты уыд Хуссар Ирыстоны хӕстон архӕйдтыты активон хайадисӕг.

1993-1996 ӕзты куыста РХИ миграцион службӕйы хистӕры хӕдивӕгӕй.

1996-1998 ӕзты куыста Цхинвалы хъӕды хӕдзарады.

2004 азӕй 2009 азмӕ куыста РХИ Хъахъхъӕнынады министрады.

2009-2019 ӕзты Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары Комитеты офисы хъахъхъӕнынады хистӕрӕй Цхинвалы.

2019 азы уыд парламентмӕ кандидат иумандатон зылдӕй.

Ис ын бинонтӕ, дыууӕ сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0