Арӕзтады министр радзырдта Хуссар Иры фидӕны азы арӕзтадон объектты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЗӕгъойты Эдуард
Зӕгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты фидӕн аз нывӕндынц саразын бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ дӕсгай бинонтӕн

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны цӕрӕнуаты арӕзтад адарддӕр уыдзӕн 2020 азы, фехъусын кодта пресс-конференцийыл арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады министр Зӕгъойты Эдуард.

Ленингоры районы кӕронмӕ бахӕццӕ социалон объектты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы кӕронмӕ бахӕццӕ социалон объектты арæзтад

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ сараздзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы – Хъайтарты уынг, Харебаты Исахъхъы уынг ӕмӕ Ирӕтты уынгыл.

"Афтӕ ма Дзау ӕмӕ Знауыры районон центрты сараздзысты фӕйнӕй дыууӕ 18-фатерон хӕдзары", - загъта Арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма журналистты цымыдис кодта Цхинвалы театралон фӕзуатыл фонтаны скусыны ӕмгъуыды фарст.

"Абоны бон балхӕдтам ифтонгад – уый у европейаг, гъӕдджын. Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц керамикон плиткӕ сӕвӕрыны куыстытӕ. Фидӕн азы фыццаг кварталы уый уыдзӕн цӕттӕ", - банысан кодта Зӕгъойты Эдуард.

Министр бафтыдта, фонтан кӕй скусдзӕн фидӕн азы март-апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0