Сывӕллӕттӕ Хуссар Ирӕй ацӕудзысты ногазон мадзалмӕ Кремльмӕ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæНогазон мадзал Кремлы
Ногазон мадзал Кремлы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕттӕ Хуссар Ирыстонӕй ӕрвылаз хайад исынц Кремлы назы бӕласы бӕрӕгбоны – ацы аз ногазон мадзал бабӕрӕг кӕндзысты фылдӕр скъоладзаутӕ ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Ӕвддӕс скъоладзауы Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзысты Мӕскуымӕ ногазон мадзалмӕ Паддзахадон Кремлы галуанмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 25 декабры. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Ахуырады министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады хайады хистӕр Джиоты Эльза.

Сывӕллӕттӕ ацӕудзысты столицӕмӕ 22 декабры ӕмӕ уыдзысты уым 24-ӕй 26-ӕм декабрмӕ. Джиоты Эльза банысан кодта, фарон Крельмӕ кӕй ацыдысты 15 сывӕллоны, ацы аз квотӕ фӕфылдӕр кодтой. 17 сывӕллонимӕ уыдзысты ӕртӕ хистӕры – дыууӕ ахуыргӕнӕг ӕмӕ медицинон кусӕг.

"Традицимӕ гӕсгӕ назы бӕласмӕ Кремлы галуанмӕ мах ӕрвитӕм скъоладзауты республикӕйы ӕппӕт районтӕй – ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕтты, сидзӕрты ӕмӕ иууыл хуыздӕр ахуырдзауты. Мах бузныг дзурӕм алкӕмӕндӕр, чи хайада исы ӕмӕ ӕххуыс кӕны ахӕм мадзӕлттӕ ауадзынӕн", - бахахх кодта Джиоты Эльза.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ногазон мадзалӕй дарддӕр сывӕллӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕздыг культурон программӕ ӕмӕ экскурси Уӕрӕсейы столицӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0