Хуссар Иры президент рахаста карз ӕфхӕрд арӕзтады министр ӕмӕ йӕ хӕдивӕгӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЗӕгъойты Эдуард
Зӕгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрады къухдариуӕгадӕн карз ӕфхӕрд рахастӕуыд "кусӕгон хӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй", дзырдӕуы барамынды

ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий рахаста карз ӕфхӕрд арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг Зӕгъойты Эдуардӕн, "йӕ кусӕгон хӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй не 'ххӕст кӕны, уый тыххӕй", фехъусын кодта цыппӕрӕмы бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Сур фонтаны эскиз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонтан уыдзæн уалдзæджы: объекты скуыст та аргъæвтой иннæ азмæ

Карз ӕфхӕрд ма, бафтыдта уый, рахастӕуыд арӕзтады министры хӕдивӕг Гаглойты Сергейӕн дӕр " Цхинвалы фонтаны арӕзтады ӕмгъуыдтӕм хъус ӕрдарыны фӕдыл йӕ куыст рӕстмӕ кӕй нӕ бакодта, уый тыххӕй".

Барамынд президент бафыста 5 декабры.

Цхинвалы Театралон фӕзуатыл фонтаны арӕзтадмӕ бавнӕлдтой 2016 азы. Фӕстӕдӕр куыстыты фӕуды ӕмгъуыдтӕ аивтой цалдӕр хатты, ӕрӕджы та арӕзтады министр фехъусын кодта журналисттӕн, фантаны арӕзтад кӕй фӕуыдзӕн фидӕнмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0