Хуссар Иры фӕсивӕд хайад райста бархионты ӕхсӕнадӕмон форумы

Рафыссын
Мадзал уыд нывонд Волонтеры националон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон бонӕн, кӕцы нысан кӕнынц ӕппӕт дунейы 5 декабры

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрттӕ хайад райстой бархионты ӕхсӕнадӕмон форумы куысты, кӕцы ацыд 2-5 декабры Сочийы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дунейон форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты дунейон форумы

Форум ӕрӕмбырд кодта 7 мин ӕвзонг адӕймаджы Уӕрӕсе ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты сӕ фӕлтӕрддзинад равдисынмӕ ӕмӕ  бархион инициативӕты райрӕзтыл ӕрныхас кӕнынмӕ. Мадзалы сӕйраг темӕты хсӕн уыд волонтерты хайадист наионалон проектты реализацийы.

Форумы хайадисджытӕ бабӕрӕг кодтой социалон уагдӕттӕ, хӕрзаудӕн фондтӕ, зонгӕ кодтой волонтерон архайды лыстӕгдзинӕдтимӕ. Афтӕ ма бархионтӕм ӕнхъӕлмӕ каст кусӕгон программӕ: дискусситӕ ӕмӕ мастер-класттӕ номдзыд экспертты хайадистӕй, сӕсситӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фӕдыл, ӕхсӕнадон иугондтӕ ӕмӕ социалон инициативӕты равдысттӕ.

Уымӕй дарддӕр форумы фӕлгӕтты ацыд ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс "Уӕрӕсейы бархион – 2019"-ы хорзӕхкӕныны церемони.

Ног хабӕртты лентӕ
0