Мӕскуыйаг специалистты ӕрхуынд - Хуссар Иры психологон центры сырæзты фыццаг этап

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ
Уӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тотчиты Георгий банысан кодта, уæрæсейаг специалистты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ кæй фæахъаз уыдзысты алкæцы бынæттон специалистæн дæр сæ куысты

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Дриаты Лейла. Уӕрӕсейаг психологтӕ, кӕцытӕ кусæгон балцы æрцыдысты Цхинвалмӕ, ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ.

Мæскуыйаг специалисттӕ Константин Седов, Ольга Сноз æмæ Татьяна Кузнецовайы республикæмӕ æрхуыдта Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министрад.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ
Мӕскуыйаг специалистты ӕрхуынд - Хуссар Иры психологон центры сырæзты фыццаг этап - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ

Тренингты фыццаг бон РХИ Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министр Тотчиты Георгий банысан кодта, уæрæсейаг специалистты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ кæй фæахъаз уыдзысты алкæцы бынæттон специалистæн дæр сæ куысты.

"Уæрæсейаг специалистты фæхуынд Хуссар Ирыстонмæ нæ къухты бафтыд Сырх Дзуары комитеты руаджы. Ацы специалистты æрцыд у куыд реалон æххуыс, кæцыйæ дарддæр спайда кæндзысты нæ республикæйы цæрджытæн æххуысы рæстæджы. Уымæ гæсгæ ахæм практикæ хъуамæ дарддæр цæуа", - загъта министр.

Уазджытæн ма бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта министры хæдивæг Сиукъаты Наира æмæ банысан кодта, ацы хъуыддаг кæй у Хуссар Иры  психологон реабилитацийы центры сырæзты фыццаг этап.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ
Мӕскуыйаг специалистты ӕрхуынд - Хуссар Иры психологон центры сырæзты фыццаг этап - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ

Семинарты хайад исынц канд психологтæ нæ, фæлæ ма æнæниздзинады къабазы социалон кусджытæ, практикæйы чи цæуы, уыцы фидæны психологтæ, университеты ахуыргæнджытæ, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады профилон специалисттæ.

Мӕскуыйаг уазджытӕ сты сæрмагондæй экстремалон уавæртæ æмæ травмæтæ райсыны фæстæ адæмимæ бакусыны фæдыл специалисттæ. Уыдон та,  ХИПУ педагогикæ æмæ психологийы кафедрæйы ахуыргæнæг Гæбулты Индирæйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг æнæмæнгхъæуæг сты хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн.

"Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ абон Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрадæн, стыр хъыгагæн, кæй нæй психолог æмæ ахæм куыстуаты та экстремалон æххуыс чи хъуамæ кæна, уыцы специалисттæ сты æнæмæнгхъæуæг. Сусæггаг нæу, абон махмæ кæй сарæх сты психикон уавæры фæдыл суицидон цаутæ æмæ æндæр ахæмтæ, кæцытæн сæ аххосаг у, 20 азы дæргъы нæ адæм кæй цардысты хæстон уавæрты æмæ ма 2008-æм азы хæсты бонты рæстæджы травмæтæ райсыны хъуыддаг", - банысан кодта Гӕбулты Индира.

Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, кусын хъӕуы ӕнамонд цауты фæстиуджытимæ нæ, фæлæ ма медицинон æмæ психологон профилактикон куысты руаджы бахизын хъæуы адæмы уыцы æнамонд цаутæй. Специалист ма куыд банысан кодта, афтæмæй семинартæм чи байхъуса æмæ дзы цы зонындзинæдтæ райсой, уыцы базæимæ бынæттон специалисттæн кæй уыдзæн сæ бон кусын хуссарирыстойнаг æмбæстæгтимæ.

© Sputnik / Наталья АйриянСеминар по вопросам психологии стрессовых, посттравматических и кризисных ситуаций
Мӕскуыйаг специалистты ӕрхуынд - Хуссар Иры психологон центры сырæзты фыццаг этап - Sputnik Хуссар Ирыстон
Семинар по вопросам психологии стрессовых, посттравматических и кризисных ситуаций

Татьяна Кузнецова нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ раздæр дæр цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны уæвæг проблемæтæм.

"Мах фæнды, цæмæй баххуыс кæнæм проблемæтимæ адæмæн, кæцытæ æрвылбон дæр сæ профессионалон архайды сæмбæлынц цавæрдæр ныхдуртимæ, психикон травмæтимæ, æмæ сæ сахуыр кæнæм, куыд архайын хъæуы цавæрдæр конкретон ситуациты, уый", - банысан кодта мӕскуыйаг психолог.

Афтӕ  ма ӕрхонгӕ специалисттæ фæндон бахастой, цæмæй хуссарирыстойнаг психологтæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæной нырыккон домæнтæм гæсгæ дистанцион æгъдауæй.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ
Мӕскуыйаг специалистты ӕрхуынд - Хуссар Иры психологон центры сырæзты фыццаг этап - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг психологтӕ ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн семинартæ-тренингтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0