Ницы тас ис: Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад гриппы тыххӕй

© Sputnik / Николай Хижняк /  Ахизын медиабанкмæПоликлиникӕ
Поликлиникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ фӕзынд информаци H1N1 гриппы вирусӕй – хуыйы низӕй – рынчынкӕнынады цауты фӕдыл сыхаг паддзахады территорийыл

ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Иры ацы аз не сбӕрӕг кодтой H1N1 гриппы вирусӕй рынчынкӕнынады цаутӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

Хуссар Иры дохтыртӕ радзырдтой гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дохтыртӕ радзырдтой гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы

H1N1 вирусӕй рнычынкӕнынад ацы бонты сбӕрӕг кодтой сыхаг паддзахады территорийыл. Уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны хицауад райста мадзӕлттӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕна цӕрджыты.

"Хуссар Ирыстоны территорийыл абоны бон не сбӕрӕг кодтой H1N1 гриппы вирусӕй рынчынкӕнынады цаутӕ. Уавӕр у стабилон, ницы тас ис", - загъта Джиоты Элеонора.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина куыд банысан кодта, афтӕмӕй Югоосетпотребнадзор азы дӕргъы йӕ цӕст дары вирусон инфекцитӕ ӕмӕ гриппӕй рынчынкӕнынады уавӕрмӕ.

"Декабрмӕ гриппӕй рынчынкӕнынады уавӕр ис ӕнӕэпидемион ӕмвӕзадыл. Ивгъуыд къуыримӕ абаргӕйӕ, рынчынкӕнынад къаддӕр кӕны", - банысан кодта Коцты Марина.

Уымӕй дарддӕр уагдоны банысан кодтой, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын гриппы профилактикӕйы хуымӕтӕг фӕтктӕ, низы рӕстӕджы та рӕстӕгыл хъӕуы бадзурын медицинон ӕххуысы фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0