Фыццаг ӕрбацӕуынц ӕххуысмӕ: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ирвӕзынгӕнджытӕн

© Sputnik / Плиты ФатимаРХИ УУМ
РХИ УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фервӕзын кодтой мингай адӕмы – уый у ирвӕзынгӕнджыты тӕссаг куысты фӕстиуӕг, кӕцытӕн ӕхсӕнад стыр кад кӕны, банысан кодта президент

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбон – Ирвӕзынгӕнӕджы боны цытӕн.

"Абон мах цыт кӕнӕм адӕмӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц нӕ хӕрзӕбон ӕмӕ кӕцытӕ фыццаг ӕрбацӕуынц ӕххуысмӕ уӕззау рӕстӕджы. Ирвӕзынгӕнджытӕн нӕй хӕслӕвӕрд, кӕцы нӕ сӕххӕст кӕндзысты, алкӕцы ӕнӕштатон уавӕр дӕр домы сымахӕй хъӕддыхдзинад ӕмӕ стыр профессионализм", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Фервӕзын кодтой мингай адӕмы – уый у ирвӕзынгӕнджыты тӕссаг куысты фӕстиуӕг, уыцы архайдӕн хорзӕх та у ӕхсӕнады стыр кад, бахахх кодта Бибылты Анатолий.

"Уырны мӕ, сымах дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй ӕмӕ намысджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзыстут уӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - бафтыдта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0