Хуссар Иры геноциды сӕдӕ азмӕ ауадздзысты Мысӕн аз

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент снысан кодта бӕрнон адӕмы, кӕцытӕ организаци кӕндзысты мысӕн мадзӕлттӕ, йӕ цӕст та сӕм дардзӕн йӕхӕдӕг

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент йӕ барамындӕй рахаста уынаффӕ ауадзын республикӕйы 2020 азы Мысӕн аз ирӕтты геноцидыл сӕдӕ азы сӕххӕсты фӕдыл, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстон 1920 азы, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь.

Остъаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сау дуджы фæстаг æвдисæн": 20-ӕм ӕзты геноциды юбилеймӕ Хуссар Иры бацæттæ кодтой пьесæ

Барамынды дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Мысӕн аз ауадзыны мадзӕлттӕ сорганизаци кӕнын президент бахӕс кодта республикӕйы хицауадӕн, оперативон координаци та сӕ кӕндзӕн президенты администрацийы разамонӕг. Барамынд сӕххӕст кӕнынмӕ йӕ цӕст дардзӕн президент йӕхӕдӕг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны депутаттӕ барвыстой куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕ ӕмӕ Федерацийы советмӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг Владимир Путин бахахх кодта, зӕгъгӕ, кӕд Гуырдзыстоны къухдариуӕгады фӕнды хорз ахастытӕ дарын Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ, уӕд уыдон хъуамӕ хорз зониккой сӕ ахастыты истори. Уӕрӕсейаг президент банысан кодта гуырдзиаг ӕфсӕдты ӕвирхъау архайд Ирыстоны 1919 ӕмӕ 1920 ӕзты ӕмӕ бафтыдта, уый кӕй хуыйны геноцид.

Ног хабӕртты лентӕ
0