Цхинвалы фæфæлдæхт милицийы "таблетка": авари бахауд видеомæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари æрцыд Цхинвалы Сталины æмæ Советон уынгты алвæндагыл. Цауы видео, кæцы æрцыд улæфт бонты, систой æвдисæнтæ

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik. Фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хæдтулгæ УАЗ-ы ("таблетка") хайадистæй, æрцыд Цхинвалы Сталины æмæ Советон уынгты алвæндагыл.

ФТЦ-йы видео систой æвдисæнтæ.

Шофыр не ʻсарæхст светофоры сырх рухсы домæн сæххæст кæнын, æмæ цæмæй аннæ хæдтулгæйыл ма сæмбæлдаид, уый тыххæй бафæлвæрдта бауромын. Уый фæстиуæгæн хæдтулгæ афæлдæхт.

МХМ нырма цауы фæдыл ницы комментаритæ дæттынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0