Хуссар Иры парламент хъавы сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕннӕ фаг кӕнынц хостӕ

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæХостӕ
Хостӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад исы фаг ӕхца хостӕ ӕлхӕныны тыххӕй, фӕлӕ проблемӕ скъуыддзаг нӕ цӕуы, загъта спикеры фыццаг хӕдивӕг

ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны депутаттӕ хъавынц равзарын, республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы цы уавӕр сӕвзӕрд, уый ахоссӕгтӕ, загъта пресс-конференцийы Sputnik-ы парламенты спикеры фыццаг хӕдивӕг Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзырд цӕуы республикӕйы медицинон уагдӕтты хосты цухдзинадыл.

"Мах хъавӕм карзӕй ӕркӕсын ацы хъуыддагмӕ. Фӕстаг рӕстӕджы ацы проблемӕ ссис тынг актуалон, ӕмӕ мах хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, цӕмӕн сӕвзӕрд ахӕм уавӕр ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сферӕйы", - загъта Гасситы Петр.

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Петр
Хуссар Иры парламент хъавы сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕннӕ фаг кӕнынц хостӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр
Уый ма банысан кодта, хостӕ ӕлхӕныны тыххӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕппынӕдзух кӕй фылдӕр кӕнынц, фӕлӕ дзы уӕддӕр хуыздӕрырдӕм ивындзинӕдтӕ нӕй.

"Мах фӕхондзыстӕм ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгийы, уый алыхатт дӕр цӕттӕ у информаци раттынмӕ, къамисы куысты хайад райсынмӕ", - бафтыдта фыццаг вице-спикер.

Гасситы Петр ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕвзарджытӕ хъуамӕ зоной, парламент кӕй кусы "ацы ӕвзӕр уавӕр аиуварс кӕныныл".

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ фӕстаг рӕстӕджыты хъаст кӕнынц ӕнӕниздзинады министрадӕй хосты цухдзинады тыххӕй.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0