Арæзтад фæткхæлдтимæ: куыд æххæст кæнынц Цхинвалы нормæтæ

© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад фæткхæлдтимæ
Арæзтад фæткхæлдтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицæйы территорийыл ныридæгæн цæуы цалдæр арæзтады, уыдоны куысты хъусдараг цæрджытæ рабæрæг кодтой рæдыдтытæ – арæзтадон фæзуæттæй горæтмæ хæссын цъыф, фистæгæй цæуджытæн ахизæнтæ нал ис

ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы, зымæгон рæстæгмæ æнæкæсгæйæ, цалдæр ран бацайдагъ сты арæзтадон куыстытæ. Уый æхсызгон хъуыддаг у, фæлæ хъусдараг цæрджытæ сæ куысты рахатынц фæткхалды цаутæ дæр.

Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иу уæладзыг бæрзонддæр: Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ

"Тугъанты Махарбеджы уынгыл арæзт цæуы мемориалон комплекс. Арæзтадон фæзуат æхгæд дæр нæу, ноджы ма фæндаджы астæу иу стыр цатыр дæр лæууы. Мæ зæрдæ æхсайы, арæзтадон нормæтæм гæсгæ ам алцы нывыл кæй нæу", — зæгъы горæты цæрæг Александра.

Ивгъуыд азы кæрон бавнæлдтой арæзтадон куыстытæм Цхинвалы æртыккæгæм скъолайы бынаты дæр. Аразджытæ тагъд темптæй ахафтой скъолайы зæронд бæстыхай, кусынц æвзæр боныгъæды дæр, ныфс дæттынц, ацы объект афоныл кæй сцæттæ уыдзæн. Фæлæ ууыл фæуд кæнынц æвæрццаг æууæлтæ.

"Бæстонæй нæ зонын Хуссар Иры закæттæ, фæлæ дзы уæрæсейæгтимæ стыр хицæндзинад нæ уыдзæн, гæнæн ис ивары бæрц у æндæрхуызон. Иуæй аразджытæ рахызтысты сæ арæнтæй, аннæмæй дзы нæй фæдзæхсæн нысæнтæ æмæ рухсытæ. Ноджы ма уæзласæн хæдтулгæтæ сæ цæлхытыл горæтмæ хæссынц бирæ цъыф, уыимæ иумæ уыдонæн сæ сметæты, æвæццæгæн, ис æхсæнтæ. Æнæмæнгыл ма нымайын, цæмæй арæзтадон фæзуаты цурты саразой фистæгæй цæуджыты фæндаг", — загъта Виталий.

Цхинвалы цæрæг Хаситы Михаилæн дæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, фистæгæй цæуджыты фæндаг кæй байстой Путины уынгыл, уый.

"Ӕртыккæгæм скъолайы территори хорз сæхгæдтой, фæлæ фистæгæй цæуджытæн ахизæн нал ис. Хъайтарты уынгыл базарадон центры арæзтады фарсмæ сæвæрдтой сæрмагонд хизæн, фæлæ уый дæр ныцъцъæлтæ ис мæ йæм хъусдард нæй", — загъта уый.

© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад фæткхæлдтимæ
Арæзтад фæткхæлдтимæ: куыд æххæст кæнынц Цхинвалы нормæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арæзтад фæткхæлдтимæ

Хуссар Иры архайы республикæйæн йæхи закæттæ, бынæттон закон цы фадыджы цух кæны, уым бындуриуæг кæнынц Уæрæсейæ æрбайсгæтыл, фæлæ хатгай афтæ рауайы æмæ адæм дыууæты сæрты дæр ахизынц æмæ фæархайынц сæхи хъуыдымæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0