Цхинвайлаг Пæррæстаты Анна-Мария рамбылдта æхсæнадæмон конкурс "FaSiLa" Арцахы

© Sputnik / Наталья АйриянПæррæстаты Анна-Мария
Пæррæстаты Анна-Мария  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Scorpions-ы зарæг "Humanity"- имæ Пæррæстаты Анна-Мария райста хистæр къорды гран-при æмæ архайдзæн 31 марты киноконцертон зал Vegas City Hall-ы гала-концерты

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕлборты Феликсы номыл Хуссар Ирыстоны музыкалон ахуыргæнæндоны студенткæ, æппæтуæрæсейон конкурсты лауреат Пæррæстаты Анна-Мария рамбылдта æхсæнадæмон конкурс "FaSiLa"-йы хистæр къорды гран-при, фехъусын кодтой Sputnik РХИ культурæйы министрады пресс-службæйы.

Scorpions-ы зарæг "Humanity"- имæ Пæррæстаты Анна-Мария райста хистæр къорды гран-при æмæ архайдзæн 31 марты Мæскуыйы киноконцертон зал Vegas City Hall-ы гала-концерты.

II рок-фестиваль Ирон-рок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Легендӕты изӕр: Цхинвалы ацыд II рок-фестиваль "Ирон-рок"

"Пæррæстаты Анна-Мария сæххæст кодта Scorpions-ы зарæг "Humanity". Диссаджы хъæлæс æмæ арæхстдзинад балхæдтой жюрийы уæнгты зæрдæтæ æмæ ма йæм мадзалы кæрон бахатыдысты азарын мадæлон æвзагыл дæр. Чызг райста хистæр къорды гран-при æмæ аннæ дыууæ къорды уæлахиздзаутимæ архайдзæн Мæскуыйы гала-концерты", - загътой уагдоны.

Ӕхсæнадæмон конкурс "FaSiLa" (сабитæ хæсты ныхмæ) арæзт æрцыд Мæскуыйаг æхсæнадæмон музыкалон фестиваль "Мы за мир!"-ы фæлгæтты æмæ нывонд у Стыр Уæлахизы 75-азæн.

Конкурс цыд 15 -17 февралы Арцахы (Хæххон Карабах). Пæррæстаты Анна-Марияйы конкурсмæ ацыд Культурæйы министрады æххуыс æмæ ФХМ æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0