Мӕскуы снысан кодта Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисты ног ӕмсӕрдары

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы вице-премьер Марат Хуснуллин
Уӕрӕсейы вице-премьер Марат Хуснуллин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар бафыста ӕмбӕлгӕ барамынд сабаты, 15 февралы

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы вице-премьер Марат Хуснуллины снысан кодтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисты ног ӕмсӕрдарӕй.

Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ

Ӕмбӕлгӕ барамынд бафыста Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар Михаил Мишустин.

Документы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕмбӕлгӕ къамисты ӕмсӕрдары бынатӕй ссӕрибар кодтой раздӕры вице-премьер Виталий Муткойы, кӕцы раздӕр йӕ цӕст дардта Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстадмӕ.

Афтӕ ма вице-премьер Марат Хуснуллин Уӕрӕсейы ног хицауады скъуыддзаг кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0