Аскъуыддзаг хъӕутӕм фӕндӕгты проблемӕ: Дзауы район сарӕзта 2019 азӕн хатдзӕгтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДзау
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры хицауады сӕрдар Пухаты Эрик рӕстӕмбисыл банымадта районы къухдариуӕгады куыст, фӕлӕ бахӕс кодта хъӕууон администрацитӕн бӕрнондӕр ахаст дарын бынӕттон цӕрджыты проблемӕтӕм

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Козаты Диана. Дзауы районы аскъуыддзаг кодтой хъӕутимӕ фӕндагон бастдзинады проблемӕ. 2019 азы цалцӕг ӕрцыдысты фӕндӕгты алкӕцы проблемон фадгуытӕ дӕр, уый тыххӕй районы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей фехъусын кодта ивгъуыд азӕн фӕстиуджытӕ саразыны фӕдыл хыгъдон рабадты.

Дзауы районы самадтой бирæфатерон хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
18 фатер æмæ 400 радоны: Дзауы районы самадтой бирæфатерон хæдзар

Районы сӕргълӕууӕджы хыгъдлӕвӕрдмӕ байхъуыста хицауады сӕрдар Пухаты Эрик дӕр, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.

"Сцалцӕг кодтам ӕмӕ сарӕзтам фӕндӕгтӕ Хуыцъе-Чъимас, Морго-Гуфта, Бузала-Морго, Хслеб-Танделатӕ, Стырфӕз-Борджнис, фӕсфӕд фӕндаг Угӕрдӕнтӕ-Хуымысӕртӕ. Ныр районы территорийыл нӕй ахӕм цӕрӕн пункт, кӕцыимӕ нӕй фӕндагон бастдзинад", - загъта Джиоты Андрей.

Цъон, Синагур ӕмӕ Джабалеты хъӕуты та сарӕзтой ног хидтӕ, ноджы ма фараст хъӕуы та цалцӕг ӕрцыдысты донуадзӕн хӕтӕлтӕ.

Уымӕй дарддӕр ма 2019 азы районы сцалцӕг кодтой культурӕйы объекттӕ, сабидӕттӕ, скъолатӕ.

"Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады тыхтӕй баконд ӕрцыдысты 29035490 сомы аргъ куыстытӕ, се хсӕн Къуайсайы фӕдыздӕхты - 13899803 сомы аргъ. ЦКХ хӕрдзтӕн радихгонд фӕрӕзтӕ иууылдӕр хардз ӕрцыдысты нысаныл, ӕххӕст ӕрцыд цӕлцӕгон-ӕндидзӕн куыстыты нывӕзт", - бахахх кодта районы хистӕр.

Уый ма бафтыдта, 2019 азы районы кӕй ауагътой фос ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон техникӕйы инвентаризаци. Джиоты Андрей банысан кодта техникӕйы цухдзинад, кӕцы къуыхцы кӕны хъӕууон ӕмӕ фермерон хӕдзарӕдты куыст. Районы фермерон хӕдзарӕдты ӕдӕппӕт ис ӕрмӕстдӕр техникӕйы ӕхсӕз иуӕджы - цыппар тракторы ӕмӕ дыууӕ уӕзласӕн автомашинӕйы.

Районы сӕргълӕууӕг баныфс ӕвӕрдта, кӕй тырндзысты фӕхуыздӕр кӕнын куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ алы фӕдыздӕхты дӕр.

Пухаты Эрик рӕстӕмбисыл банымадта районы къухдариуӕгады куыст, фӕлӕ бахӕс кодта хъӕууон администрацитӕн бӕрнондӕр ахаст дарын бынӕттон цӕрджыты проблемӕтӕм.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0