Цхинвалы цæрæг кардæй ныццавта скъоладзауы

Рафыссын
Фыдгæнæг разынд горæты 24-аздзыд цæрæг. МХМ версимæ гæсгæ, уый кардæй ныццавта 16-аздзыд лæппуйы æмæ алыгъд цауы бынатæй

ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik. Милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайдтаскъоладзауы кардæй ныццæвыны хъуыддаджы, фехъусын кодта майрæмбоны Хуссар Иры Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы сæргълæууæг Бестауты Вида.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыдгæнæг конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы, йæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

"Фыдракæнд æрцыд знон (20 февралы) республикæйы сæйраг горæты. Зæрдæхсайгæ, горæты 24-аздзыд цæрæг, ныццавта кардæй 16-аздзыд скъоладзауы риу хылы рæстæджы, уый фæстæ йæхи бааууон кодта. Скъоладзауы акодтой рынчындонмæ", - радзырдта пресс-службæйы хистæр.

Оперативон-сгарæн мадзæлтты фæстиуæгæн Уголовон фæдагуырды кусджытæ æрцахстой фыдракæнды зæрзæхсайгæ нæлгоймаджы. Уагдоны банысан кодтой, уый кæй басаст йæ фыдракæндыл.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0