Цъон хоны къахдзоныгъты ерыстæм

© Sputnik / Наталья АйриянГорнолыжный курорт "Цон"
Горнолыжный курорт Цон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бырæн ифтонгадæй ерысты архайджыты сифтонг кæндзæн районы спорты хайад, ифтонгад кæцытыл нæ аххæссой, уыдонæн та сæ бон суыдзæн райсын бырæн инвентарь бынаты

ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы администраци хоны 29 февралы Цъоны дæлвæзмæ къахдзоныгътæ æмæ сноуборды ерыстæм. Мадзалы хайад райсыны бар ис алкæмæн дæр, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Ацы комы районы разамынады тыхтæй ерыстæ цæуынц ныр дыккаг аз.

"Ерысты архайыны бар ис алкæмæн дæр. Архайджыты регистраци райдайдзысты 29 февралы 10 сахатыл. Бырæн ифтонгадæй ерысты архайджыты сифтонг кæндзæн районы спорты хайад, ифтонгад кæцытыл нæ аххæссой, уыдонæн та сæ бон суыдзæн райсын бырæн инвентарь бынаты", - загъта районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Уый ма банысан кодта, уæлахиздзаутæн организатортæ бацæттæ кодтой призтæ.

Хуссар Ирыстоны уæвæг иунæг зымæгон курорт кусы дыккаг аз.

Цъоны дӕлвӕз цадӕггай арӕзт цӕуы, фӕлӕ зымӕгон курорты домӕнтӕн нырма дзуапп нӕ дӕтты. Улӕфт бонты ам улӕфджытӕн ис 18 къай къахдзоныгътӕ æмæ 10 дзоныгъы прокат. Хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл.

© Пресс-служба Дзауского районаТурнир по лыжам и сноуборду в селе Цон
Цъон хоны къахдзоныгъты ерыстæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турнир по лыжам и сноуборду в селе Цон

 

Ног хабӕртты лентӕ
0