Хуссар Иры МСНК кусджытӕ фехстой БТР-тӕй

© МВД РЮОХуссар Иры милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ фехстой БТР-тӕй
Хуссар Иры милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ фехстой БТР-тӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдтӕн БТР-тыл ахуыртӕ ацы аз уагъд цӕуынц фыццаг хатт ӕмӕ сӕ руаджы фӕфылдӕр уыдзӕн экипажты хӕстон цӕттӕдзинад

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) ахуырадон полигоныл Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджытӕ сӕххӕст кодтой тактикон-ӕхстон ахуыртӕ БТР-тыл, фехъусын кодта МХМ пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Ахуырты рӕстӕджы МСНК кусджытӕ сӕххӕст кодтой контролон ӕхстытӕ алыгъуызон нысӕнттӕм.

"МСНК кусджытӕ ӕхстой дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы фистӕгӕфсады 7,62 калибры Калашниковы танкон пулеметӕй 700 метры онг дистанцимӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы – 14,5 калибры Владимировы танкон пулеметӕй 1100 метры онг дистанцимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма сӕрмагонд къорды кусджытӕ фӕфылдӕр кодтой БТР-ыл скъӕрыны ӕмвӕзад хӕстон уавӕрты.

© МВД РЮОХуссар Иры милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ фехстой БТР-тӕй
Хуссар Иры МСНК кусджытӕ фехстой БТР-тӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ фехстой БТР-тӕй

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдтӕн БТР-тыл ахуыртӕ ацы аз уагъд цӕуынц фыццаг хатт ӕмӕ сӕ руаджы фӕфылдӕр уыдзӕн экипажты хӕстон цӕттӕдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0