Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг рӕстӕджыты Хуссар Ирыстоны сырӕзт зынгсирвӕзтты нымӕц. Сӕ фылдӕры аххосаг свӕййы адӕмы уӕлӕнгай ахаст

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Зынгфӕдисонтӕ ӕмӕ хъӕдгӕстӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕст Зонкъары тобӕгонд зонӕйы, фехъусын кодтой Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы
Фӕстаг рӕстӕджыты Хуссар Ирыстоны сырӕзт зынгсирвӕзтты нымӕц. Сӕ фылдӕры аххосаг свӕййы адӕмы уӕлӕнгай ахаст.

"Тобӕгонд зонӕйы зынгсирвӕзт иуварс ӕрцыд. Зынгфӕдисонтӕн артимӕ тохы баххуыс кодтой хъӕдгӕстӕ ӕмӕ егерьтӕ.Техникӕ кӕдӕм нӕ хызт, уыцы бынӕтты та арт хуыссын кодтой къухӕй", - радзырдтой УУМ.

Уагдоны банысан кодтой, зынгфӕдисонтӕ ма кӕй ахуыссын кодтой ссыгъд Ленингор ӕмӕ Знауыры районты.

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы

Ныртӕккӕ та хуыссынгӕнӕн куыстытӕ дарддӕр цӕуынц Цхинвалмӕ хӕстӕг бырондоны.УУМ ӕмӕ горӕты администраци фӕфылдӕр кодтой техникӕйы нымӕц полигоны зынгсирвӕзт кӕронмӕ аиуварс кӕныны нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0