Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаджы хуссарирыстойнаг фадыг у иууылдæр сыгъдæг æмæ цæттæ бакондмæ, ныртæккæ куыстытæ цæуынц цæгаттаг фарс

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскавказы автомагистралы цæгаттаг хай митæй сыгъдæг кæнынмæ, фæндагыл митуард æрлæууыд, фехъусын кодта Sputnik РХИ Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-секретарь Тедеты Роза.

Транскавказаг магистралыл автотранспорты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой дыццӕджы райсомӕй сӕрмагонд барамынды онг.

"Транскамы цæгаттаг хайыл райдыдтой фæндаджы уæлцъар митæй сыгъдæггæнæн куыстытæ, митуард æрлæууыд. Фæндаджы хуссарирыстойнаг фадыг у иууылдæр сыгъдæг æмæ цæттæ бакондмæ",  - загътой уагдоны.

Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0