Санахъоты Жанна: Хуссар Иры фæлхасгæнджытæ райдыдтой сæ бартæ хъахъхъæнын

© Sputnik / Наталья АйриянСанахъоты Жанна
Санахъоты Жанна  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрæджы нысан цыд Æппæтдунейон Фæлхасгæнæг æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны бон. Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитет архайы "Югосетпотребнадзор"-ы дæлбар

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны цæрджыты фæлхасадон культурæ бонæй-бонмæ хизы уæлдæр æмвæзадмæ - адæм райдыдтой цæуын "Югосетпотребнадзор"-мæ сæ бартæ хъахъхъæнынмæ, радзырдта Sputnik Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Санахъоты Жанна.

Æрæджы нысан цыд Æппæтдунейон Фæлхасгæнæг æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны бон. Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитет архайы "Югосетпотребнадзор"-ы дæлбар.

Санахъоты Жанна æрхаста цыбыр статистикæ - комитет куы сырæзт, уæдæй нырмæ сæм фæлхасгæнджытæй æрбацыд иу мин хъастæй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр аскъуыддзаг сты фæлхасгæнæджы пайдайæн.

 "Хъаcтгæнджытæй ис ахæмтæ дæр, кæцытæн сæ претензитæ вæййынц æнæбындурон. Ахæм куырдиатæн мах радтæм объективон дзуаппытæ", - бахахх кодта уый.

Комитеты хистæры ныхæстæм гæсгæ, фæлхасгæнджыты куырдиæттæ æмæ хъæстытæн ис ахадгæ бындур, цæрджытæн социалон лæггæдтæ кæм кæнынц, уыцы объектты басгарынæн.

Продуктовый магазин в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югосетпотребнадзор" сгары Цхинвалы дуканитæ

"Нæ комитетæн æрмæстдæр афæдз иу хатт ис базарадон объекттæ, салонтæ, æхсæнадон хæрæн бынæттæ басгарыны бар. Ис ахæм амалиуæггæнджытæ, кæцытæ нæ басгæрсты фæстæ дарддæр халын райдайынц фæлхасгæнджыты бартæ иннæ басгæрсты онг. Уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг у, цæмæй фæлхасгæнæг зона йæ бартæ æмæ йын хъахъхъæд куыннæ цæуой, уæд махмæ æрбахата", - загъта Санахъоты Жанна.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй фæстаг рæстæджы фæлхасгæнджытæн фæзынд ахæм бар бар дæр, цæмæй иу кæнæ иннæ магазинмæ бацæуыны рæстæджы сæрибарæй æрдомой продуктты æргътæ, хъæстыты чиныг, уæйгæнæджы санитарон чиныг. Фыццаг рады уыдæттæ хауынц цæттæ хæринæгтæ цы къæбицты ис, уыдонмæ. Уымæн æмæ медицинон чиныг цы адæймагмæ нæй, уый алыхатт дæр хæссы тæссагдзинад инфекцион низтæ апарахат кæнынæй.

"Ацы домæнтæ æххæст куынæ æрцæуой, уæд комитеты кусджытæн ис бар æрмæст объект ивар кæнынæн нæ, фæлæ ма йæ бынтондæр сæхгæнынæн. Мæ бон у иу ахæм цауы тыххæй зæгъын. Уый уыд 2 азы размæ, бирæнымæц адæм куы фæхъæстæ сты, уæд сын уæлибыхтæ цы къæбицы цæттæ кодтой, уый мах амындмæ гæсгæ æрцыд æхгæд. Æнæмæнгхъæуæг домæнтæ куы сæххæст кодтой йæ кусджытæ, уæд амалиуæггæнæгæн ногæй лæвæрд æрцыд бар йæ архайд адарддæр кæнынæн, - радзырдта Санахъоты Жанна.

Уагдоны разамонæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй фылдæр хатт амалиуæггæнджытæ æрцæуынц ивар. Ивар та баст у фæткхалыны цауимæ. Зæгъæм, йе ‘мгъуыд цы продукцийæн ацыд, уый уæйгонд куы цæуы уæд. Иварты бæрц у 10-20 мин сомы онг,  юридикон гоймагæн та 20-35 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0