Карантин ӕнӕ ирхӕфсӕнтӕй: Цхинвалы сӕхгӕдтой сывӕллӕтты хъазӕн центртӕ

© Sputnik / Диана Козаева"Диссаг центр"
Диссаг центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карантин, кӕцы бакодтой республикӕйы ахуырадон уагдӕтты 18 марты, - нӕу рӕстӕг тезгъотӕн ӕхсӕнадон бынӕтты, бахахх кодтой Югосетпотребнадзоры

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕтты 18 мартӕй фӕстӕмӕ расидтысты карантин коронавирусы пандеми ӕмӕ сезонон гриппы фӕзынды тыххӕй. Ахуырадон процесс ӕрурӕдтой фыццӕгӕм апрелы онг.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсемӕ бацӕуыныл тобӕ нӕ бандавдзӕн Хуссар Ир, Абхаз ӕмӕ ХПӔ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтыл

Сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина бахахх кодта, карантин кӕй нӕу рӕстӕг уазӕгуаты цӕуынӕн ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты тезгъо кӕнынӕн.

Югосетпотребнадзоры радзырдтой, ивгъуыд къуырийы кӕрӕтты сывӕллӕтты хъазӕн центры хицӕуттӕм кӕй барвыстой фыстӕджытӕ, цӕмӕй рӕстӕгмӕ ӕруромой сӕ куыст.

"Мах барвыстам официалон фыстӕджытӕ сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕм ӕмӕ сын фехъусын кодтам, рӕстӕгмӕ кӕй хъӕуы сӕхгӕнын сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ. Тобӕ уыдзӕн сӕрмагонд барамынды онг", - загъта Югосетпотребнадзоры сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хиирхӕфсӕн центры дӕлбар кафетӕн фадат уыдзӕн кусын ӕрмӕстдӕр рахастыл. Сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ домӕнтӕ куы нӕ сӕххӕст кӕной, уӕд бафиддзысты ивар.

Цхинвалы ахӕм центртӕ бирӕ нӕй, ӕрмӕстдӕр цыппар: "Джуманджи", "Диссаг центр", "Джунгли Макс" ӕмӕ сывӕллӕтты зонӕ кафе "Vincenzo",-йы. Фӕстаг дыууӕ сӕхгӕдтой дыууӕ къуыримӕ.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир рӕстӕгмӕ тобӕ сӕвӕрдта Гуырдзыстонмӕ хоскӕнынмӕ цӕуыныл

"Мах сӕхгӕдтам Югосетпотребнадзоры фыстӕджытӕй дыууӕ боны раздӕр. Хиирхӕфсӕн центр у ӕнӕхъӕнӕй ӕхгӕд", - загътой "Джунгли Макс"-ы.

"Джуманджи" ӕмӕ "Диссаг центр" кӕронмӕ ӕхгӕд не сты – ӕхгӕд сты хъазӕн зонӕтӕ, фӕлӕ нырма дӕр кусынц кафетӕ.

Куысты ахӕм режим бакодтой "Диссаг центр"-ы дӕр. Центрмӕ бахизӕныл фыст ис уазджытӕн, залмӕ бахизыны размӕ кӕй хъӕуы ныхсын къухтӕ.

Карантины рӕстӕджы сывӕллӕттӕ нӕ цӕуынц спортивон секцитӕм ӕмӕ кафӕн курстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр горӕты уынгты гӕнӕн ис фенын скъоладзауты, кӕцытӕ улӕфынц ахуырӕй горӕты компьютерон клубты ӕмӕ сывӕллӕтты фӕзуӕтты.

Знон МХМ фехъусын кодтой, ӕнахъомты фӕдыл инспекци ӕмӕ патрулон-постон службӕйы кусджытӕ кӕй уадзынц рейдон мадзӕлттӕ, цӕмӕй сывӕллӕттӕ карантины рӕстӕджы уынджы бирӕ рӕстӕг ма уадзой.

Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет 26 мартӕй сӕрмагонд барамынды онг тобӕ сӕвӕрдта республикӕйы территорийыл культурон-массон мадзӕлттӕ уадзыныл. Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0