Бибылты Анатолий банхъардта Хуссар Ирӕн ипотекӕйы сӕрмагонд формӕ

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæИпотекӕ
Ипотекӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта ацы хъӕппӕрис йӕ ныстуаны рӕстӕджы адӕм ӕмӕ парламентмӕ. Ӕхсӕнады хорзыл банымадтой президенты ӕнхъарӕн

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ ӕрдзырдта хуссарирыстойнаг ӕхсӕнадӕн ахӕм ахсджиаг проблемӕйыл, куыд цӕрӕнуатон фарст. Республикӕйы ӕмбӕстӕгты цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ хӕсты рӕстӕджы бахъыгдард хӕдзӕрттӕ сцалцӕг кӕныны фарст президент банымадта иууыл ахсджиагдӕр проблемӕтӕй сӕ иуыл.

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, паддзахад кӕй фылдӕр кӕндзӕн цӕрӕнуаты арӕзтады бӕрцуат, фӕлӕ ацы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн хъӕуы пайда кӕнын ӕндӕр механизмтӕй дӕр.

Уый фӕдыл президент банхъардта социалон пайдакӕнынады цӕрӕнуатон фондимӕ иумӕ саразын цӕрӕнуатон фонд, кӕцыйы хӕдзар дӕтдзысты ӕххуырсты бадзырдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн фадат балхӕнын ацы цӕрӕнуатӕн.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, республикӕйы ипотекон кредиткӕнынад кӕй нӕй, уый фӕдыл ацы мадзал уыдзӕн актуалон", - загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта хицауадӕн сентябрьмӕ саразын ӕмӕ бавдисын парламентмӕ ӕмбӕлон законы проект.
Фарсты ахӕм скъуыддзаджы тыххӕй президент Бибылты Анатолий дзырдта 2019 азы хатдзӕгты фӕдыл пресс-конференцийыл дӕр.

Æфстау хæдзар: кæд уыдзæн ипотекæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æфстау хæдзар: кæд уыдзæн ипотекæ Хуссар Иры

Уӕд паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Юстицийы министрад кӕй аразы закон ипотекон кредиткӕнынады фӕдыл. Фӕлӕ президент банысан кодта, уый кӕй нӕ уыдзӕн классикон ипотекӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ адӕймаг исы ӕхцатӕ банчы, ӕлхӕны цӕрӕнуат ӕмӕ фиды кредит.

"Махӕн нӕй фадӕттӕ, цӕмӕй алкӕмӕндӕр фидӕм ахӕм ӕхцатӕ. Мах ацӕудзыстӕм ӕндӕр фӕндагыл. Адӕймаг райсдзӕн цӕрӕнуат ӕмӕ уый фӕстӕ фиддзӕн уый тыххӕй банкмӕ. Банкмӕ цы ӕхцатӕ фидой, уыдонӕй паддзахад араздзӕн ног цӕрӕнуат", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Ипотекон цӕрӕнуаты фарстыл Хуссар Ирыстоны дзырд цыд бирӕ хатт. Цӕрджыты уырны, проблемӕйы ахӕм скъуыддзаг бирӕтӕ хорзыл кӕй банымайдзысты.

"Махӕн цӕрӕнуатимӕ проблемӕ нӕй, фӕлӕ нын ис ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ, кӕцытӕн ӕцӕг хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ. Ӕмӕ нӕм ипотекӕйы ахӕм формӕ куы фӕзына, уӕд уыдзӕн тынг хорз", - загъта Sputnik Цхинвалы цӕрӕг Харебаты Сослан.

Президенты администрацийы мидӕггагон политикӕйы хайады хистӕр Уанеты Мурӕт банысан кодта, экономикон фадыджы ипотекӕ Хуссар Ирыстонӕн зын кӕй у, фӕлӕ арендон фиддонты формӕмӕ, кӕцы банхъардта президент, хъӕуы хъус ӕрдарын.

Ног хабӕртты лентӕ
0